Парламенты фæуынаффæ кæндзысты  пенсионерты кредиттыл архайæг  проценты бæрцы фæдыл
Парламенты фæуынаффæ кæндзысты пенсионерты кредиттыл архайæг проценты бæрцы фæдыл

Гуырдзыстоны  парламенты пенсионерты  кредиттыл  уагæвæрд    проценты бæрцы фæдыл  фарстатыл  фæуынаффæ  кæндзысты.  Ацы фарсты æркæсыны  нысанæн финансон-бюджетон   комитеты  рабадт у нысангонд.  Комитеты   рабадтыл  Гуырдзыстоны Национ Банкы «Либерти Банкы» æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады минæвæртты бацыд план кæны. Комитеты   рабадтмæ  сæ бацыд æркурдта  пари «Æмбæстæгтæ».

Алеко Элисашвилийы  æмæ Леван Иоселианийы хъуыдымæ гæсгæ,  пенсионертæн пенситæ развæлгъау раттыны рæстæджы  æгæр стыр проценттæ  фидын кæнынц, кæцы пенсионерты социалон  уавæр фыддæрдæр кæны.