Парламенты цур цæуы  протестон акци
Парламенты цур цæуы протестон акци

Гуырдзыстоны парламенты цур  æмбæстæгты къорд, æндæр æмæ æндæр политикон  партиты  минæвæрттимæ   протестон акци уадзынц.

Уыдон, Батумы  ацæугæ  акцимæ  солидарондзинады нысанæй,  парламенты  алфæмбылай территоримæ  тымбылæгтæ бахастой.

Бынатыл мобилизацигонд у  пъæлицæй.

Нырид  цалдæр бон у, æмбæстæгты  къорд  закъондæттæг органы цур цалдæр   халагъуд сывæрдта.  Уыдон парламентон æвзæрстыты  фæстиуджытæ мæнгыл банымад  æмæ  а.х. политахæссты  ссæрибар кæнын домынц.