Парламенты байхъусдзысты Майя Цкитишвилимæ
Парламенты байхъусдзысты Майя Цкитишвилимæ

Цæстдарæгон функцийы  фæлгæтты, дæсæм  сидты  парламент министртæм  хъусын райдайы.

Министры  сахаты  форматы  абон  вице-премьер, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы  министрмæ  байхъусдзысты.

Майя Цкитишвили  закъондæттæг  органæн уагдон цы проекттæ сыххæст кодта  æмæ фидæны  плантæ фæдыл хыгъдлæвæрд  бавдисдзæн, цæй фæстæдæр  рабадт  фарст-дзуаппы  режимы  адарддæр уыдзæн.

Фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнг, Мариам Квривишвили райхъсын кодта, ома  регионалон рæзынад æмæ инфраструктурæ  критиконæй  нысаниуæгджын у бæстæйæн  æмæ уагдон цы проекттæ сыххæст кодта, уыдон фæрцы Гуырдзыстон фылдæр æрыввахс кодта Европаг стандарттæм.