Парламенты бæстыхайы  цур  цæуы æмбæстæгты  протестон акци
Парламенты бæстыхайы цур цæуы æмбæстæгты протестон акци

Æмбæстæгты  къорд  парламенты бæстыхайы цур   акцимæ  рацыд.  Уыдон  парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ протест кæнынц. Акцийы  хайадисджытæ  политахæстты ссæрибар кæнын æмæ   парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ  аивын домынц.   Акцийы  æрымбырдуæвджытæ афтæдæр курынц, коронавирусы тыххæй  архайæг арæнæвæрдтæ аивын,  уымæн æмæ сæ  хъуыдымæ гæсгæ,  арæнæвæрдтæ сты дискриминацион.

Парламенты  бæстыхайы  алфæмбылай  акцийы  хайадисджытæ  сывæрдтой халагъуыд.  Бынатыл мобилизацигонд у  пъæлицæй.