Парламенты  æвзарæнон  реформæйыл кусæг къорды  радон фембæлд цæуы
Парламенты æвзарæнон реформæйыл кусæг къорды радон фембæлд цæуы

Парламенты  уынафæ кæнынц  æвзарæнон  реформæйыл.  Кусæг къорд абон цыппæрæм рабадт уадзы, кæцыйыл хъуамæ фæуынаффæ кæной  закондæттæн ивддзинæдтыл.  Абоны рабадты  хайад нæ исы  «Æвзонг Юристты Ассоциаци».

Уый æфсонæн  æрхастой бæстæйы сырæзт  политикон уавæр  æмæ  рабадты ахæссын  æркуырдтой.

Рабадты хайад исынц  адæмон барты хъахъхъæнæгы аппараты æмæ «Бирæнацион Гуырдзыстоны» минæвæрттæ.  Кусæг къордæн цæттæ у  ивддзинæдты фыццагон верси, кæцы йæ  хъуыдыйы дары  æвзарæнон   администрацийы ногæй  саразын, æвзарæнон фадгуыты алыварс радиус сбæрæг кæнын, хъæлæскæныны  процедурæты электронон  системæмæ  ахизын  æмæ  хæдуынаффæйы  æвзæрстытыл  фылдæр  пропорцион  системæ æрбайсын.

Кусæг къорд ивддзинæдты иницир кæнын хъавы  фыццаг мартмæ.