Парламентон фылдæртæ регистрацийы ауагъдтой, 20-21  июны парламенты цур  айтынггонд фæзындты фæдыл уагæвæрды проект
Парламентон фылдæртæ регистрацийы ауагъдтой, 20-21 июны парламенты цур айтынггонд фæзындты фæдыл уагæвæрды проект

Парламентон фылдæртæ  2019  азы  20-21 июны  Гуырдзыстоны парламенты   галуаны  раз территорийыл айтынггонд фæзындты  фæдыл,  уагæвæрды  проект  бакуыстой  æмæ регистрацийы  ауагъдтой.

Проекты фæдыл   абон  уагъд брифнгыл  вице-спикер  парламентон  фылдæрты  лидер Гиа Вольский  фæныхас кодта.

Уагæвæрд 10 пунктæй у.

Уагæвæрды проектмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны парламент, æнцой кæны  Гуырдзыстоны  Конституцийыл  æмæ йæ  сæйраг принциптыл,  Гуырдзыстоны  Конституцийæ  нымадмæ ист адæймаджы  бындурон бартæ  æмæ  сæрибардзинæдтыл, хъусын кæны цæмæй:

  1. Гуырдзыстоны  конституцион  æгъдауæвæрды  хъахъхъæд æмæ цыт  Гуырдзыстоны хицауад æмæ Гуырдзыстоны  кæцыфæнды æмбæстагы  хæс у;
  2. Хъуыдыйы, йæ  сабырадон  разагъды æмæ  æмбырды  сæрибары хъахъхъæд  Хицауады æрдгæй,  демокративон паддзахады  у  принципонæй   нысаниуæгджын;
  3. Хицауад 2019  азы  20 æмæ 21  июны максималонæй  æруагъдта хъуыдыйы  разагъды, сабырадон æмбырды  æмæ   манифестацийы  сæрибардзинад;
  4. Хицæн политикъты кæнæ  политикъон  къордты  æрдгæй æмбæстæгты  сабырадон протесты æфсонæн спайда кæнын  конституцион  æгъдауæвæрды  ныхмæ уагъд акт сæххæст кæнынæн, гуырымыхъхъ йæ ныхмæ  у  куыд барадон, афтæ, политикъæйы моралон  принциптæн;
  5. Фæнысангонд  сæрмагондæй  мæтæфтауæг у, уæлдайдæр уыцы фоныл, йæ размæ куы  уыдис  хицæн политикъты систематон æхсæнадон сидтытæ  хицауад революцион фæндагæй  раивыны тыххæй;
  6. Гуырдзыстоны  конституцион æгъдауы  æмæ  æхсæнадон æдадсзинады  ныхмæ  уагъд  архайдыл нымад хъуамæ бауа  Гуырдзыстоны  конституцийæ  бæрæг паддзахадон  хицаудзинады системæйы централон  органы – Гуырдзыстоны парламенты галуанмæ  балæбурыны архайд æмæ  къордон  тыхмидзинады организацидзинад, кæцы æвзæрын кæны комкоммæ тас, куыд паддзахадон  æмæ æхсæнадон, афтæ хицæн  æмбæстагы æдасдзинадæн, кæцы  сбæлвырд ис 2019 азы 20-21 июны  айтынггонд фæзындтæй;
  7. Цыфæнды архайд, кæцы уагъд у  конституцион сæрфады ныхмæ  æмæ тас хæссы  паддзахадон, æхсæнадон æмæ  æмбæстæгты  æдасдзинадæн, домы  æмбæлон реакци æмæ фæдæвзарын   паддзахады  æрдгæй,  барад æппæтадæмонæй нгымад принципты  æмæ Гуырдзыстоны Конституцийы æмæ   закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ;
  8.  Тыхми архæйдтыты  æмæ парламенты бæстыхаймæ  балæбурыны архайды  дзуаппæн   полицийы  æрдгæй  тыхæй  спайда кæнын уыд легитимон;
  9. Тыхмидзинад кæрон скæныны  рæстæджы, барадхъахъхъæнджыты  æрдгæй  гæнæн уæлдайджын тыхæй  спайдайы цаутæ, æнæмæнгæй  домынц  хицауады æрдгæй   æмбæлон реакци;
  10. Арфæйаг у Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæгы хайад  цæугæ фæдæвзарæн процессты,  кæцыйы  фæрцы процесс  уыдзæн рухсдзыд æмæ  æууæнкаг дæр.

Уагæвæрды проекты  банысангонд у, цæмæй   уæлдæрбанысангонд иуылдæр зæрдыл бадаргæйæ,  Гуырдзыстоны  парламент сиды  хицауады  алы  æмбæлон  оргæнмæ,  сæрмагонд тыхархайд  аздæхой  2019 азы 20-21 июны  айтынггонд фæзындты равзарыны æрдæм, сæрмагондæй та, алæрдгæй,  æххæстæй, афоныл  æмæ  рухсдзыдæй   равзара:  Гуырдзыстоны парламенты бæстыхаймæ  балæбурыны  архайды факт, уыйимæ баст тыхмион  архæйдтытæ æмæ  рабæрæг кæна организаторты æмæ хайадисджыты;  Барадхъахъхъæнæг оргæнты  архæйдтытæ, сæ  æххæстбарты  сæрты ахизыны гæнæн фактытæ  æмæ  ссара  æмбæлгæ  уæнгты.

Уагæвæрды проекты  банысангонд у, цæмæй  бæрзонд  паддзахадон  æмæ  æхсæнадон интересы тыххæй,  Гуырдзыстоны парламент  æнæмæнгхъæугæйыл нымайы  уæлдæрбанысангонд фæдæвзарæны  афоныл  кæронмæ бакæнын  æмæ  йæ фæстиуджытæм гæсгæйæ, 2019 азы  20-21 июны  Гуырдзыстоны парламенты галуаны  арз территорийыл айтынггонд  фæзындтæн  политикъон аргъ скæнын.