Парламент сфидар кодта закъондæттæн  ивддзинæдтæ кæцы фидар кæны ног регуляцитæ Евроцæдисы бæстæтæм балцы фæдыл
Парламент сфидар кодта закъондæттæн ивддзинæдтæ кæцы фидар кæны ног регуляцитæ Евроцæдисы бæстæтæм балцы фæдыл

Парламент сфидар кодта закъондæттæн  ивддзинæдтæ  кæцы  визалиберализацийы  фæлгæтты,  Евроцæдисы бæстæтæм  балцмæ гæсгæ ног регуляцитæ фидар кæны.

Закъондæттæн ивддзинæдты  иницрдзинад æрцыд  2018   азы, фæлæ  йæ æртыккаг   хъусынæй  æркаст æмæ 74  хъæлæсæй  сфидар кæнын  бантыст абоны   пленарон рабадтыл.

Парламенты  бæлвырд закъонопроектæй,  уæлæмхасæй  арæнæвæрд æрцæудзæн цау,  кæцы рæстæджы  Гуырдзыстоны  æмбæстагæн гæнæн ис ма раттой  бар арæныл ахизын.  Сæрмагондæй та, кæд Гуырдзыстоны  арæйнон-ауадзæн  пунктыл фæбæрæг ис, цæмæй   Гуырдзыстоны æмбæстаг балц кæнын хъавы  Евроцæдисы/Шенгены  тыгъдады уыцы бæстæмæ,  кæцыимæ Гуырдзыстонæн ис æнæвизæ змæлды  режим, уый гæнæн ис  ма ауадзой Гуырдзыстоны арæныл  ахизын кæд йæм нæ уыдзæн –   биометрикон  паспорт, кæцы  лæвæрд æрцыд  фæстаг 10 азы  дæргъы æмæ  кæцыйы  тых æмгъуыд, Гуырдзыстонмæ æрыздæхыны боны онг æртæ мæййæ   къаддæр у.

Афтæма, фæстæмæ æрыздæхынæн  билет, фысымуат/цæрæн фатеры  архайæг рагахст  кæнæ  æндæр æвдисæнгæххæт æмæ   адрис  кæнæ  Евроцæдисы/Шенгены тыгъдады  бæстæйы территорийыл легалонæй  цæрæг фысымы  адрис.  Афтæма,  бæлццонон фæдзæхсын  æмæ  балцы финансон  ифтонгады  бæлвырдгæнæн документ. Уæлдæрбанысангондæй   дарддæр ма,   проект йæ хъуыдыйы  дары  тугтæрхонон  бæрны сфидар кæнын  Гуырдзыстоны æмбæстагы  æндæр бæстæмæ æнæзакъонон миграцийæн хъæугæ аууæлттæ  саразынæн.   Сæрмагондæй,  Гуырдзыстоны æмбæстагы  æндæр бæстæйы арæныл  æнæзакъононæй  ахизын кæныны тыххæй, кæнæ  уымæн фæсарайнаг бæстæйы æнæзакъононæй  уæвынæн  æмбæлон уавæртæ  саразын (къухацаразын)  æфхæрд цæудзæн  ахстæй – æртæйæ  æхсæз азы  æмгъуыдмæ.

Гуырдзыстоны æмбæстагæн фæсарæнты  статус  райсыны  барæй  фыдвæнд пайда кæнынæн  æмбæлон уавæртæ саразын (къухацаразын) æфхæрд цæудзæн  ахстæй – æртæйæ  æхсæз азы  æмгъуыдмæ.

Закъонопроектæй  конкрет  кæнынц, цæмæй  кæд  уæлдæрбанысангонд  кæцыфæнды  архайд сыххæст:  цалдæр хатт;  дыууæ кæнæ  фылдæр  уæнгы æрдæм; мæнг документты фæрцы, æфхæрд цæудзæн  ахстæй  5-8 азы æмгъуыдмæ.  Инициативæмæ гæсгæ, кæд  фæнысангонд архайд  ракодта  къорд, уæд æфхæрд цæудзæн  ахстæй – 7-10 азы  æмгъуыдмæ.