Парламент партитæн  бюджетон финансдзинадимæ баст закъонопроекттæ фыццаг æркастæй  райста
Парламент партитæн бюджетон финансдзинадимæ баст закъонопроекттæ фыццаг æркастæй райста

Партитæн  бюджетæй  финансдзинад  аскъуынынимæ баст  закъондæттæн  ивддзинæдтæ   парламент фыццаг   кастæй  райста.

«Æмбæстæгты политикон иугондты  фæдыл»  Гуырдзыстоны  закъонмæ  бахæссинаг  ивддзинæдты проектимæ сразы сты 83 депутаты.

Фæнысанкæнинаг у уый æмæ  инициркæныны фæстæ,  банысангонд  законопроекты  бæрæг ивд сыххæст ис  æмæ парламент  фыццаг кастæй редактиргонд версиимæ сразы ис.

Конкретонæй та, кæд  закъоны  проекты сæрыфыццаг вариант   партитæн  финансдзинад аскуыны дардта йæ хъуыдыйы  иу  афæдзы  æмгъуыдæй, уæд  ныр ацы  æмгъуыд фæкъаддæр ис æхсæз мæйы онг.

Закъонопроектмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны паддзахадон бюджетæй  суммæ  райсдзæн  æрмæст уыцы парти, кæцы  уымæ хаугæ  парламенты уæнгы  мандат кæнæ мандатты  æрдæг  уæддæр  сфæлтæрдзæнис.  Парти фæдылдзог  æхсæз мæйы   бюджетон финансдзинад нæ райсдзæн, кæд йæ  бавдисгæ  æвзæрст  парламенты уæнгты æрдæг уæддæр  Гуырдзыстоны парламенты  æмбæлгæ  раззаг радон  сессийы  дæргъы, æнæбындур æфсонæй  нæ  райсдзæн хайад  радон пленарон рабадтыты æрдæгæй фылдæры.

Парламент фыццаг кастæй  афтæдæр сразы ис   регламентмæ бахæссинаг   ивддзинæдты проекктимæ, кæцы  депутаты  мыздмæ æххæссы.   Сæрмагондæй та, депутатæн, кæцы радон сессийы  фæлгæтты, иу мæйы  дæргъы  æнæбындур æфсонæй  фæуадздзæн  алы пленарон  рабадт, уымæн мызд æнæхъæнæй  бауромдзысты. Уымæй  уæлдай  ма, парламенты  уæнгмæ нæ цæудзæн лæвæрд мызд   парламентон  уагуадзæны периоды, кæд йын   уагуадзæны онг  фæстаг мæйы  уæлдæрбанысангонд  уагмæ гæсгæйæ  урæд æрцыд мызд, уыцы цаутæй  цух,  кæд уый хайад райсдзæн  уæлрадон  сессийы  пленарон рабадты.

Депутаттæ фыццаг кастæй  82 хъæлæсæй  сфидар кодтой «Æвзарæнон кодексмæ»  бахæссинаг ивддзинæдтæ дæр, кæцытæм гæсгæйæ,   æнæаргъ  эфирон  рæстæг лæвæрд нæ цæудзæн партимæ, кæцы  раццух  ис  бюджетон финансдзинадæй.