Парламент Хоравайы уынгыл мард æнахъомты марындзинады хъуыддагыл рæстæгмæ фæдæвзарæн камисы саразыны нысанæмрастдзинадимæ сразы ис.
Парламент  Хоравайы  уынгыл  мард  æнахъомты марындзинады хъуыддагыл  рæстæгмæ  фæдæвзарæн   камисы  саразыны  нысанæмрастдзинадимæ сразы  ис.

Парламент  Хоравайы  уынгыл  мард  æнахъомты  марындзинады  хъуыддагыл   рæстæгмæ  фæдæвзарæн   камисы   саразыны  нысанæмрастдзинадимæ сразы  ис.

Депутаттæ  камисы  саразыны нысанæмрастдзинады фарст  халæппæрстмæ  абоны  пленарон   рабадтыл рахастой.   Фарстæн  схъæлæс  кодтой  84  депутат. Парламенты камисы   сконды  комплекткæнынад  æмæ  сæрдары сывзарæн бахъæудзæн.

Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл рæстæгмæ парламентон  фæдæвзарæг  камисы   саразыны фæдыл  абон   парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Хоравайы  уынгыл  æрцæугæ  марындзинады  зылынмæ лæвæрд  æнахъомты æрдæм тæрхондон  зылынгæнæг уынаффæ рахаста.

Адвокатты  информацийæ,   дыууæдæр зылынмæ лæвæрды  банымадтой зылынджынтыл,  фæлæ иуæй-иу зылынмæ  лæвæрды  сраст кодтой Давит Саралидзейы  хъуыддагмæ  гæсгæ.

«Иуæй-иу  зылынмæ лæвæрд, Леван даутаншвилимæ гæсгæ, нымадмæ ист æрцыд   зылынджыныл, фæлæ  сраст ис   Давит Саралидзейы  хъуыддагмæ гæсгæ.   Иннæ  зылынмæ лæвæрд  нымадмæ ист æрцыд аххосджыныл Давит Саралидземæ  гæсгæ,  фæлæ  статийы  квалификаци  ивд æрцыд 19-109-йы  æрдæм» –  райхъусын кодта адвокат.

Тæрхоныскуыды  Тбилисы сахарон тæрхондоны  тæрхонгæнæг  Эка  Арешидзе  цъус рæстæджы размæ   райхъусын кодта.

Афтæма,   снысан укыдзæн рабадт, кæцыйыл  æнахъомтæн  æфхæрдты æмгъуыдтæ  сбæрæг кæндзысты.

Хоравайы  уынгыл    дыууæ æнахъомы, 2017 азы   фыццаг  жекабры фæцæф кодтой. Иу æнахъом  рынчындонмæ бакæныны онг   фæмард, дыккаг та,   дохтырты  архайдмæ æмæ  цалдæр операуимæ æнæкæсгæ,   2  декабры   рынчыдоны  амард.  Къордгай  дыууæ  æнахъомы  марындзинады   зылынмæ лæвæрд сты  дыууæ æнахъомы.

Прокуратурæйы  хъусинагæй   Тбилисы  №51  скъолайы кæъхтыбынаты, 11-æм   кълассы  ахуыргæнинæгты  æхсæн  æрцæугæ  дзырдæй  быцæудзинад, Хоравайы  уынгыл адарддæр ис  æмæ  хылмæ   айрæзтис, кæцы рæстæджы дæр,   зылынмæ лæвæрдтæ, æнæкæсгæ  уымæ æмæ  зыдтой  æмæ æххæстæй  æмбæрстой  цæмæй  Д.С.  уыдис  скъолайы ахуыргæнинаг  æмæ æнахъом,   къордгай,   кæрдтæй  барæй  амардтой  уый, æрмæст Л.Д-йы та  афтæдæр  амардта иуæй-иу  зылынмæ лæвæрд  Г.Б.

«Сыххæст фыдракæнды тыххæй Г.Дж.йæн  бавдытæуыд аххосаг   Гуырдзыстоны тугтæрхоны  барады  кодексы  109-æм статийы  2-аг  хайы  «Б» æмæ «Э»  дæлпунктытæй,  (æнахъомы  æрдæм  развæлгъауæй  æмбаргæйæ  æмæ  къордгай барæй  марындзинад) , æрмæст  Г.Б.-йæн аххосаг   Гуырдзыстоны тугтæрхоны  барады  кодексы  109-æм статийы  2-аг  хайы  «Б» æмæ «Э» æмæ 3-аг хайы  «А»  пунктæй (æнахъомы  æрдæм  развæлгъауæй  æмбаргæйæ  æмæ  къордгай барæй  марындзинад, дыууæ  кæнæ  фылдæр гоймагы)» – хъусын кæнынц  сæйраг прокуратурæйы.