Парламент амнистийы  закъоныл куыстмæ рывнæлдта
Парламент амнистийы закъоныл куыстмæ рывнæлдта

Парламентон фылдæрты  уæнгы Шалва Папуашвилий  фидиуæнæй,   абонæй  зæгъгæ   рывналдзысты  амнистийы  фæдыл  закъоныл  кусынмæ.  Папуашвилийы  дзырдæй,  проект  бакуыст уыдзæн æмгуыстгæнгæйæ  æмæ йæ иницирдзинад уыдзæн дыццæджы.

Афтæма йæ   ныхæстæм гæсгæ,  бадзырдыл къухбафыссæг  депутаттæ   парламентмæ бахиздзысты æмæ  активонæй  баиу уыдзысты  парламентон куыстмæ.  Амнистийы  закъоны тыххæй та парламентари дзуры,  цæмæй  йæ æртæ кастæй  райсынæн  æртæ къуыри уæддæр бахъæудзæнис.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   амнисти баххæсдзæн  20 июны хъуыддагимæ баст уæнгтæм иууылдæр,  кæмæндæриддæр аххосаг  бавдыстæуыд  æмæ  цæуы тугтæрхоны барады хъуыддаг.

«Уый баххæсдзæн куыд Ника Мелиамæ, афтæ  уыйимæ иумæ тыхмидзинады   зылынмæ лæвæрд  æндæр уæнгтæм дæр, афтæдæр пъæлицæйæгтæм», –  бафтыдта ма Шалва Папуашвили.

Уымæй уæлдай, Шалва  Папуашвилийы фидиуæнæй,   «Националон Змæлд»  æмæ «Европаг Гуырдзыстон», нырид   архайынц, исты амæлттæй фæкуылымпы кæнын  бадзырды  сыххæст.

«Знон изæр  ноджы иу хатт айзæлдис  фарст, ис æви нæ  æндæр амæлттæ æмæ  Шарль Мишель хаххгондæй  банысан кодта, цæмæй   бадзырд  бантыстис,  къух  бафыст у  æмæ алчи йæ  хъуамæ намысджынæй  сыххæст кæна.  «Националон Змæлд» къух нæма  бафыста   æмæ ныр  архайынц  ацы бадзырд фехалын. Уымæ нæкæсгæйæ,  цъынды уæддæр  бафиддзæн Евроцæдис æмæ   Ника Мелиайæн уыдзæн фадат, кæд æй фæнды   уæд тагъд рацæуа ахæстонæй,  ацы   цъынды райса, кæнæ  ма  сразы  уа,  амнистийы закъон уæддæр уыдзæн ист. Мах райсдзыстæм ацы партиты  акт  æмæ   йæ  кæд нæ бафæнда æмæ йæ  хæъудзæнис  ахæстоны бадын,  уæд ма  цы нæ бон у», –  райхъусын кодта  Шалва Папуашвили.