Парламент æртыккаг кастæй  сбæлвырд кодта  «Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» закъонопроект
Парламент æртыккаг кастæй сбæлвырд кодта «Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» закъонопроект

Гуырдзыстоны парламент æртыккаг кастæй  сбæлвырд кодта  «Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» закъонопроект.

Пленарон рабадтыл закъонопроект бавдыста   парламентон комитеты   сæрдар  Анри Оханашвили.  Закъонопроектæн йæ фарс рахæцыдысты  87  депутаты,  йæ ныхмæ схъæлæс кодтой  33.

Парламент он фылдæрты  æрцæттæгонд Барастытæм гæсгæ,   фæбæрæг сты  Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм кандидатты  ,  æмæ  Юстицийы  Бæрзонддæр Советæй   кандидатты  равзарыны  критеритæ æмæ   сæ парламентмæ бавдисыны  процедурæ.  Афтæдæр   бæрæг  сты,  тæрхонгæнджытæм   квалификацион   домæнтæ.