Паризы  цæрæн хæдзары  зынгсирвæзты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц  10-ы  онг   райрæзт
Паризы цæрæн хæдзары зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 10-ы онг райрæзт

Паризы  цæрæн хæдзары  зынгсирвæзты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц  10-ы  онг   райрæзт.  Францаг медийы  информацийæ, фæмардуæвджыты нымæцы  иу  сывæллон у.

Масштабон  зынгсирвæзты ахуыссын кæнынæн, цауы бынатмæ  250-ы онг   зынгвæдисон  бацыд.  Фæстаг информацийæ  36   райстой буары зиæнттæ.  Зианбаййафджыты  æхсæн   астæй  сты зынгхуыссынгæнджытæ. ИРвæзынгæнджытæ бæстыхайæ  60-ы онг адæймагы ракодтой.

Зынг ахуыссын  кæнынæн бахъуыд фондз сахаты.  Зынгхуссынгæнджытæ  дзурынц, цæмæй  сыгъды масштабондзинады тыххæй,  фæмардуæвджыты нымæц гæнæн ис  фылдæр уа.  Барадхъахъъæнджыты хъуыдымæ гæсгæйæ,   бæстыхайыл зынг барæй  бафтыдтой.

Полици нырид æрцахста  уыцы бæстыхайы  цæрæг сылгоймагы,  кæцыйæн æнхъæлцау ис психикъон  проблемæтæ æмæ  алкоголыл  æмæ  наркотикон фæрæзтыл ахуыр у.