Паралимпиадæ  2020 | Ина Калдани æвзист майдан рамбылдта  #1TVSPORT
Паралимпиадæ 2020 | Ина Калдани æвзист майдан рамбылдта #1TVSPORT

Токиойы  цæугæ  паралимпион хъæзтытыл, парадзюдойы  ерысы  фæстаг бон, гуырдзиаг Ина  Калдани  æвзист  майдан рамбылдта.

Ина Калдани  фыццаг фембæлды  абырста мексикайаг  парадзюдоисты, æрдæгфиналы  та  фысым япойнаг  спортсменыл фæтых ис  æмæ финалы  бразилиаг  Мальдонадоимæ фембæлдис, кæцы рæстæджы дæр хъыгагæн   фембылд ис.  Афтæма абон  паралимон  сыгъзæринæн  схæцдзæн   уæззау категорийæ  Реваз  Чикоидзе. Финалы  уый  фембæлдзæн ирайнаг  парадзюдоистимæ.  Гуырдзиаг спортсмен   цыппæрæм-финалы  япойнагыл фæтых ис, æрдæгфиналы та узбекаг  спортсмены абырста.

Паралимпион хъæзтытыл  Гуырдзыстоны æмбырдгонды хыгъдыл  ацы тæккæ ис дыууæ æвзист майдан.

Финалон блок 11:30 сахатыл райдыдта æмæ   комкоммæ репортажы  фенын уæ бон у Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл.