Пандемийы  тыххæй  æфтиæгтæ кæмæн  фæкъаддæр сты куыстæй, кæнæ  æгуыстæй чи баззад, уыдонæн  æххуыс адæттынæн  регистрацийы  æмгъуыд  1-аг августы онг адарддæр ис
Пандемийы тыххæй æфтиæгтæ кæмæн фæкъаддæр сты куыстæй, кæнæ æгуыстæй чи баззад, уыдонæн æххуыс адæттынæн регистрацийы æмгъуыд 1-аг августы онг адарддæр ис

Пандемийы  тыххæй  æфтиагæй цух чи баззад,  уыцы  æмбæстæгтæн æххуыс  адæттынæн, регитсрацийы æмгъуыдтæ  адарддæр сты, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады  рабадтыл фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   чи байрæджы кодта, кæнæ  та  не сфæрæзта   хъæугæ  документтæ  æрымбырд кæнын, уыцы адæймæгтæн  æмгъуыдтæ фыццæгæм августмæ адарддæр сты.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  абоны уавæрæй   121  719  æмбæстаг райста  æххуыс  паддзахадæй.  Афтæдæр  æххуыс лæвæрд æрцыд  129 минæй фылдæр æмбæстаг,   кæцы фæцух ис  æфтиагæй  йæ  куыстæй кæнæ та  фесæфта  куыстбынат.

Премьеры дзырдæй, хицауад адарддæр кæндзæн куырдиæтты исын уыцы адæймæгтæй, чидæриддæр фæсарæнты  сезонон  куыстыл  куыстой.