Пандемийы æмæ туризмы тыххæй Мариам Квривишвили фæныхас кодта «CNN»-мæ [видео]

Гуырдзыстон алкæмæн равдыста  æнтыстджын цæвиттон, цæмæй куыд  тох кæнын хъæуы пандемийы ныхмæ, уый хъуамæ  уа  бæлвырдгæнæн, гаранти алы бæлццонæн  æмæ нæ  æмбæстæгтæн дæр.  Мах дарддæр дæр уыдзыстæм тынг сæрхызт, цæмæй  алкæй дæр æмхуызонæй  баиргъæвæм  инфицирады тасæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны туризмы  националон  администрацийы  къухдариуæггæнæг  Мариам Квривишвили   загъта  «CNN»-ы эфиры.

Квривишвили куыд банысан кодта афтæмæй,    туризм зæгъгæ, Гуырдзыстоны  экономикæйы  ахсджиаг  хай  у.

«Æрмæст 2019  азы  Гуырдзыстоны, кæцыйы цæрджытæ 3,7 милуаны бæрц  сты,  бахъом стæм  фараст милуанæй  фылдæр туристæн сфысым кæнын. Гуырдзыстонæн  сæйраг рард у  баззайа æдас бæстæйæ, æмæ алцыппæт сараздзыстæм,  цæмæй нæ бæстæ  уа  æдас  абон æмæ  фидæны дæр.  Уый дары  йæ хъуыдыйы  уынаффæ  бæстæйы  этапгай æмæ арæхсгай  байгом  кæныны фæдыл.   Уынаффæ йæ хъуыдыйы  дары   арæнтæ байгом кæнын уыцы  паддзахадтимæ, цы ран   эпидемиологион уавæр   контролы дæлбар у. Кæй зæгъын æй  хъæуы, ныфс дарæм  ахæм бæстæты  номхыгъд  райрæзын кæнын, æмæ Дунейы дæр уавæр  стабилон дæр суыдзæн», –  райхъусын кодта Мариам Квривишвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны хицауад  зæгъгæ  скусын кодта  æдасдзинады регуляцитæ  æхсæнадон тыгъдады  афтæма  æнæнизхъахъхъæды  протоколтæ.

«Мах æнтыстджынæй сфæрæзтам  тесттæй  басгæрст ауæрæхдæр кæнын  æмæ уый  ныр рæувадат  у,   кæй  бахъæудзæн, алкæмæн.  Æхсæнадæмон аэропорт ифтонгггонд у  æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ.  Нæ хицæн сектор  æххæстæй   цæттæ у   æхсæнадæмон  бæлццæтты   райсынмæ.  Фæнды мæ   сæрмагондæй бахахх кæнын нæ туризмы  секторы  нысаниуæг  æмæ бæрзонд  социалон бæрн, коронавирусимæ тохы æрдгæй .  Гуырдзыстоны  хицауад, æнгом  æмкуыст кæны  туризмы секторы минæвæрттимæ,  сæрмагондæй  уæззау  периоды,  пандемийы рæстæджы  Дæнцæн уын  зæгъдзынæн, цæмæй  пандемийы  рæстæджы  баххуырстам  сæдæгай  фысымуат  æмæ  сæ карантины зонæтæй  скодтам.  Абон ацы проект бæрæг у   ахæм сæргондæй  «Гуырдзыстоны 5-стъалыджын  карантин», кæцы  уый амонæг у,  цæмæй  нæ  хицæн  сектор  скусын кодта æдасдзинады  алы протокол, цахæмдæр  у  социалон  дистанци хъахъхъæнын æмæ  а.д.  цæмæй  уый фæбæрæг уыдаит  мидæгон кæнæ æхсæнадæмон  туризмыл», –  райхъусын кодта  Мариам Квривишвили.