Пъæлицæй, Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæдагуырды фæлгæтты, фыдракæнды басусæг кæныны аххосагæй  ноджы иу гоймагы æрцахста
Пъæлицæй, Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæдагуырды фæлгæтты, фыдракæнды басусæг кæныны аххосагæй ноджы иу гоймагы æрцахста

Гуырдзыстоны  МХМ  Михеил Саакашвили Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл  æнæзакъоноæнй  кæй рахызтис  уыцы  фактыл цæугæ фæдагуырды  фæлгæтты,  тæрхонгæнæджы барамынды  бындурыл,   зылынмæ лæвæрды хуызæй   ноджы иу уæнгы, –  1989 азы гуырд Г.Н. æрцахста.

Барадхъахъхъæнджытæ  хъуыддагыл  ацы  аххосагæй  нырид æртæ уæнгы æрцахстой.

Фæдагуырд  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы 375 статийы  дыккаг  хаймæ гæсгæ цæуы,  кæцы  уæззау фыдракæнды басусæг  кæнын  дары йæ хъуыдыйы.   Фыдракæнд  æфхæрд цæуы   4 азы онг ахстæй.