ПÆК-ы  къухдариуæггæнæг аргъ скодта оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæрæн
ПÆК-ы къухдариуæггæнæг аргъ скодта оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæрæн

Гуырдзыстоны  паддзахадон æдасдзинады  куысты хистæр, Григол Лилуашвили  парламенты  афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы  райхъусын кодта, цæмæй  абон  Гуырдзыстонæн  номыр фыццаг быцæусидт у  Уæрæсейаг  оккупаци.

«Лæмбынæг  уавæр нæ  фæивдта   иуæн  территорийыл  дæр, цы ран  Гуырдзыстоны  хицауадмæ  эффектонæй  контрол æххæст кæныны фадат рæстæгмæ  нæй. Фæбæрæг ис   æртæ сæйраг  пункт, кæцыйы æххæст кæны Уæрæсейы  Федераци   оккупацийы  фæлгæтты,   ай у фыццаг – уырыссаг  анекси æмæ куыд гæнæн ис,  афтæ фылдæр  территориты сæхи контролы дæлбар бакæнын.  Афтæдæр нысаниуæгджын  у, цæмæй анексийы  уавæрты  оккупацигонд территоритыл уæвæг  уæззау  социалон-экономикон  уавæр  уырыссаг фарсæн дæтты  фадат, цæмæй эффектон контролы бын бакæна уæвæг  де-факто  хицауадтæ æмæ  сын райсын кæна  йæхицæн  фæндон   уынаффæтæ.

Дыккаг –  ай  у  гибридон  хæсты фæлгæтты уагъд  процесс, кæцы баст у æнæзаконон бордеризациимæ, æнæзаконон  æрцахстытимæ   æмæ алы  уыцы  инцидентимæ, кæцы  æххæст цæуы  куыд дзырдæй  дихгæнæг  хаххмæ хæстæг, афтæ  оккупацигонд  территориты  мидæг.

Æртыккаг –  фæбæрæг ис  тынг цымидисон тенденци, кæцымæ  кæсæм куыд быцæусидтмæ,  афтæ уый  у  уырыссаг фарсы архайд,  цæмæй  бæрнæй  йæхи аиуварс кæна, раиу уа  бадзырдты процессæй  куыд  хицæн фарс.  Тынг популярон ссис  фæстаг рæстæджы   ныхас,  ома  комкоммæ  диалог нын хъуамæ уа  нæ  абхазаг æмæ ирон æфсымæртимæ, кæй  зæгъын æй хъæуы,  афтæ у,  семæ  хъуамæ  ныхас  кæнæм, фæлæ тынг арæхсгай, цæмæй ацы бадзырдты    нæ кæрæдзийы  ныхæй ныхмæ  ма  баззайæм  æмæ   бæрнæй  йæхи  аиуварс кæна  тых,  кæцы реалонæй  æххæст кæны эффектон  контрол   ацы территоритыл», –   райхъусын кодта  Лилуашвили.

Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ уырыссаг æфсæддон  иугæндтæ  дыууæдæр территорийыл   дардæр кæнынц  сæ æнæзаконон уæвын.  Уымæ  ма æфты  уыцы  факт, æмæ  120 –ы  онг æфсæддона хуыр  ауагъдтой, кæцы  цæй зæгъын æй хъæуы  æнæзаконон у, æмæ рæзын кæны  рискытæ  æнæ æрмæст нæ бæстæйы, фæлæ ма Кавказы æнæхъæнæй.

Лилуашвилийы дзырдæй,  бынтон хъауджы уавæр  ис Цхинвалы регионы, цы  ран  абсолютонæй æхгæд  у алыгъуызон змæлд.

«Нæ æмбæстонтæм, цыфæнды аххосæй не фты рахизыны фадат, уый нымæцы нæдæр   гуманитарон, æнæнизхъахъхъæды æмæ æндæр æрдгæй.  Уый тыххæй дæр,  уымы  цæрджыты, уым цæрæг адæмы ахаст, уым архайæг режимты  æрдæм нæу   æвæрццаг, уыдон   домынц  сæрибардзинад, афтæ куыд  Гуырдзыстоны  иннæ  рæттимæ  ахастыты,  æмбæстæгтимæ ахастыты,  афтæдæр  фылдæр сæрибардзинад уынаффæ рахæссыны  процессы. Фæлæ мах уымæй  псевдоиллюзитæ ма хъуамæ скæнæм, цæвиттон   кæцыдæр регионы срæгъæд ис  ахаст афтæ, цæмæй   гарантиргондæй нæ бон бауа  ацы ахастытæ  нæхи  пайдайæн сфæлхас кæнæм.  Сæрмагондæй та  уый  зыны Цхинвалы  регионыл, цы ран  а.х.  хицауадмæ,   æмæ цæрджыты фылдæры хайæн дæр ницы претензитæ ис, уыцы  фарсты тыххæй, цæмæй  иу  бон, гæнæн ис  Уæрæсейы Федерацийы  скæнæг хайæ  фестой,  уымæй  фылдæр  сæ а.х. хицауад сæ удцырын  кæны  ацы идеяйæ, фæлæ  хъауджы ахаст ис а.х. хицауадмæ æмæ йæ  къухдариуæггæнæгмæ  Абхазы  территорийыл, цы ран  уыдон  æнæуæлдай ныхасæй  разы  не  сты  Уæрæсейы  Федерацийы  скондмæ  бахизыны идеяимæ.  Уымæй фылдæр,  уыдис  сæм фæндон, цæмæй   ма рцыдаит  Уæрæсейы  æрдгæй  тынг  карз фарстæтæ  бавдыст, куыд ультиматум, уый бæсты, цæмæй  зынбонтæ æрвитæг адæмы социалон-экономион уавæртæ фæхуыздæр кæныны  хардзыл æрцыдаит Уæрæсейæн  пайдаджын  уынаффæтæ тыххæй бахъарын æмæ  стæй  сæ аскуыддзаг кæнын. Уый та фæбæрæг ис   фыццаджы дæр,  уыцы  миниуджытæй,   æмæ сæ тыхыбын кодтой законмæ ивддзинад бахæссын, кæцы фенцондæр кодтаит  Абхазы  æмбæстагад  раттын  Уæрæсейы  æмбæстæгтæн, афтæдæр  ратдаит Уæрæсейы  æмбæстæгтæн фылдæр сæрибардзинад    балхæнын æнæзмæлгæ мулк  æмæ  инвестицитæ нывæрын  Абхазы  курортон зонæты. Уæз  уыд  егъау  æмæ фæстагмæ,  хъыгагæн, ацы фарсты фæдыл  сразымæ сæ тыхыбын бакодтой», – райхъусын кодта  Лилуашвили.