ПÆК – ы цур оппозицийы акцийæ барадхъахъхъæнджытæ  цалдæр адæймагы æрцахстой
ПÆК – ы цур оппозицийы акцийæ барадхъахъхъæнджытæ цалдæр адæймагы æрцахстой

Паддзахадон  æдасдзинады куысты  бæстыхайы цур территорийæ,   барадхъахъхъæнджытæ цалдæр адæймагы  аиуварс кодтой.

Акцийы  хайадисджытæ куыд  хъусын кæнынц афтæмæй,   зынæмбарæн  у,  цæмæн сæ ахсынц.

«Националон Змæлды»  уæнг, Заал Удумашвили  райхъусын кодта, ома  виппайды сæм балæбурдтой  пъæлицæйæгтæ æмæ райдыдтой  адæмы ахсын.

«Ацы  хицауадæн  йæ  хур талынг  кæны, алцыппæт   у  бæрæг  æмæ   æппынфæстаг бырстытæ  кæнынц.  Адæм лæууыд   æмæ ницы  знаггад  кодтой.  Виппайды  сæм фæлæбурдтой пъæлицæйæгтæ æмæ   массонæй  ахсын  райдыдтой.  Максималонæй  архайдтой, куыд  гæнæн ис, афтæ  фылдæры  æрцахсын,  фыццаг фæлæбурдтой  активон  чи уыд, уыдонмæ  æмæ стæй т иннæтæм.  Бæрæг куыд у афтæмæй,    бардзырд сын ис,  цæмæй ахсой алкæй», –   райхъусын кодта Заал Удумашвили.