ПÆК-ы цæуы Нодар Меладзейы  æрфарст
ПÆК-ы цæуы Нодар Меладзейы æрфарст

 

Паддзахадон æдасдзинады  куысты цæуы  журналист Нодар Меладзейы æрфарст.

Бæстыхаймæ бацыды размæ  Нодар Меладзе  куыд   загхта афтæмæй,    æрфарстмæ йæм фæсидтысты  ивгъуыд куырийы  эфиры ацæугæ   сюжеты тыххæй,  кæцы уыдис  специоперацийы  рæстæджы ахст  Васамбек Боковы фæдыл.

«Æрбацыдыстæм цæмæй  фарстытыл дзуаппытæ раттæм, фæлæ ПÆК-ы сæхæдæг дæр дзæбæх зонынц, журналистты  иргъæвы   закъон, информацийы равзæрæн æнæраргом кæныны фæдыл,  æмæ уый тыххæй дæр не стæм хæсджын,   информацийы  равзæрæнтæ   раргом кæнын.  Æнхъæлмæ кæсын   цавæр фарстытæ уыдзæн Пæк-мæ,  æрмæст репортажы фæдыл  æви  уымæй  уæлдай.  Æрбафтыд нæм  æнæ æрмæст уыцы документтæ, кæцытæ   сабаты   раргом  кодтам, фæлæ ма нæхи  журналистон фæдæвзарæны фæлгæтты  нæм ис  дыккаг æмæ сæйраг хай дæр, кæцыйы  кæсджытæ фендзысты  сабаты.  Ацы фæдæвзарæны  ис  ноджы  бирæ нысаниуæгджындæр документтæ.  Ацы  журналистон фæдæвзарыны  сæйраг фарста,  кæцыйæн дзуапп уыдис, у ахæм: У æви нæ æрцахстуæвæг уæнг, кæцы  ныр  æрвиты æвхæрды æмгъуыд –йæхæдæг Васамбек Боков?  Васамбек Боковы  æфсымæр махимæ интервьюйы дзырдта, цæмæй  нæдæр  йæ асæй  æмæ нæдæр параметртæй, æрцахстуæвæг  уæнг йæ æфсымæр нæу.   Ном  мыггаг  раугырды  датæ, мæй,  алцыппæт æмхуызон у, фæлæ физиконæй  фæнысангонд уæнг йæ  æфсымæр нæу. Ис æви нæ гæнæн, цæмæй Васамбек Боковы  бæсты  ныр   ахæстоны  бада  бынтон æндæр адæймаг  æмæ  конспирацийы  тыххæй  æххуырст уæнгы æрдæм,  æндæргъуызон конспиративон амæлттæй пайда кодтой.  Ацы  фарстатæн дзуапп  раттын, мах   бацархайдзыстæм сабаты» –  райхъусын кодта Нодар Меладзе.

Телекомпани «Мтаварийы»  генералон  директор Ника Гварамиа  райхъусын кодта, цæмæй  журналист Гиорги Габуниайы  ликивдаци пълангонд уыд  Цæцæны президент Рамзан Кадыровы заказæй.  Ликвидаци та, Уæрæсейы  æмбæстаг,  Мæхъæлы   гуырд Васамбек  Бадрийы  фырт  Боков хъавыд, кæцыйы  Гуырдзыстоны контр-террористон   куыст æрцахста.

Паддзахадон æдасдзинады  куысты  хъусын кæнынц, цæмæй  Васмабек  Боков  ахст у   заказæй марындзинад  æрцæттæйы  хъуыддаджы фæлгæтты  æмæ  сидынц  алкæмæ дæр,  æнæбæлвырд информаци  ма  парахат кæной.

Хъуыддагмæ  гæсгæ,   магистрат  тæрхонгæнæгимæ æрфарстой  телекомпани «Мтаварийы»  директоры  Ника Гварамиайы  æмæ журналист  Гиорги Габуниайы.