ПÆК хъусын кæны информаци оккупацигонд Абхазæй  рахизыны рæстæджы æртæ адæймагы мæлæты фæдыл
ПÆК хъусын кæны информаци оккупацигонд Абхазæй рахизыны рæстæджы æртæ адæймагы мæлæты фæдыл

Паддзахадон  æдасдзинады  куыст  оккупацигонд  Абхазы  территорийæ  рахизыны  рæстæджы  æртæ адæймажы  мæлæты фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта.

Хъусинагы банысангонд куыд у афтæмæй,   æртæ æмбæстаг  архайдтой  Ингуры  уылты Гуырдзыстоны   централон хицауады  контролгонд  территоримæ рахизын.

ПÆК-ы хъусын кæнынц, цæмæй   алы инциденты, сæрибар  змæлды  æнæзакъонон  арæнæвæрдты  æмæ  æнæзаконон   ахстыты  фактты фæдыл æхсæнадæмон    партнертимæ æмархайдæй  слæудзæн оккупацион режимы  бæрны фарст.

«Оккупацион хаххыл рахизыны  рæстæджы,  хъæу Шамгона æмæ  хъæу Тагилонмæ  хæстæг,  Уæрæсейы   оккупацион   режим, æрцахстыты цы практикæ  æрфидар кодта,  уымæй хиаиуварс кæныны нысанæн, оккупацигонд  Галы районы цæрæг Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг архайдтой, цæугæдон Ингуры   уылты Гуырдзыстоны  централон хицауады  контролгонд  территоримæ  рахизын.  Цæугæдон Ингурыл сæ фæндаг  куы  лыг кодтой, уæд се ртæ дæр фæмард.

Фæнысангонд у  оккупацион режимы æрдгæй, сæрибар   змæлдыл  æнæзакононæй  фидаргонд  тобæты æмæ  æнæзаконон æрцахстыты   практикæйы фæстиуæг. Æрцæугæ факт, ноджы иу  хатт равдыста оккупацийы æмвæд  процессты антигуманон  æмæ  фыдгæнæгон  миниуæг, кæцыйыл  æххæст бæрн  æвæрд цæуы  Уæрæсейы  Федерацийыл. Азты дæргъы  сæрибар бынативдыл  уагæвæрд  æнæзакъонон  а.х. регуляцитæ æмæ тобæтæ, нысаниуæгджынæй  фæзын кодтой  бынæттон  цæрджыты æрвылбойнон цардуаг  æмæ уыдонæй бирæ цард амæттаг  ссис.  Алы  инциденты, сæрибар змæлды æнæзаконон арæнæвæрды æмæ æнæзаконон æрцахсты  фактыл æхсæнадæмон партнертимæ æмархайдæй,   карз бавдыст уыдзæн   оккупацион режимы бæрны фарст.

Фæнысангонд факты фæдыл, Гуырдзыстоны  Централон хицауад скусын кодта  тæвд хахх, информаци лæвæрд æрцыд   Евроцæдисы   цæстдарæг мисси æмæ Женевæйы   дискусситы æмсæрдæрттæм.  Фарстыл тæрхон цæудзæн тынг карз формæйæ алы  архайæг форматы фæлгæтты», –   дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.