Паддзахадон министры аппарат -  Пандемимæ æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, оккупацигонд Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрджытæн медицинон лæггад нæ фæурæдта
Паддзахадон министры аппарат - Пандемимæ æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, оккупацигонд Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрджытæн медицинон лæггад нæ фæурæдта

Фидыды æмæ  æмбæстагонд æмбарады  фарстаты  паддзахадон министры  аппарат ахæлиу кодта информаци, цæмæй  цы арызт æрцыд   пандемийы  периоды  оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн  æххуысы æрдгæй.

Паддзахадон министры аппараты информацийы,  хъусдард здæхт у  коронавирусы периоды  цы мадзæлттæ  ауагъдтой  уыдоны рдæм, афтæдæр  дзырдæуы, цæмæй  Гуырдзыстоны  хицауад  уымæ уæвæг   алы мæцъистæй   пандемийы размæ дæр, æнæаскуынгæ режимæй  куыста оккупацигонд территоритыл цæрæг уæнгты проблемæтыл  реагиркæныны нысанæй.

Фидиуæнмæ гæсгæ, коронавирусы  периоды ауадзгæ  мадзæлттæ  цыппар  æрдæмадмæ æххæссынц:

«Зонындзинад сбæрзонддæр кæныны  нысанæн, цыбырдæр æмгъуыдтæм, абхазаг æмæ ирон æвзæгтæм  ивд  рцыд    ковид-инфекцимæ тох кæныны  нысанæн  рекомендациты æмæ  превентивон  мадзæлтты фæдыл информацион  æрмæг.  Сæ нымæцы,  низты контролы  националон  центры  бакуыст протоколтæ  æмæ куыд  архайын  хъæуы  уый фæдыл  информаци;

Афтæдæр официлон  веб-фарсыл   www.stopcov.ge  рæувадат ссис  информаци абхазаг æмæ ирон  æвзæгтыл; фæлтæрддзинад фæхай кæныны  нысанæн, бынæттон дохтыртæм  регулярон режимы  лæвæрд цæуы   онлайн-консультацитæ  æмæ  æмбæлгæ  амындтæ  гуырдзиаг специалистты æрдгæй;

Гуырдзыстоны хицауады æххуысæй, Абхазы  регионы сæххæст ис  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы мисси, бынатыл  уæвæг  уавæрæн аргъ скæныны æмæ  рекомендацитæ бакусынæн;

Пандемийæн  бафæразынæн, Гуырдзыстоны хицауады æмæ æхсæнадæмон  организациты æрдгæй,  Абхазы регионмæ  регуляронæй  лæвæрд цæуы  медицинон ифтонггæрзтæ, медикаменттæ æмæ гигиенæйы  фæрæзтæ.  Хос кæнынц  коронавирусæй фæрынчынуæвæг  адæймагтæн  Гуырдзыстоны  контролы дæлбар территорийыл», – дзырдæуы  фидиуæны.

Паддзахадон  нымæрдары аппараты хъусинагæй,   пандемийы  æмæ архайæг  арæнæвæрдтæм æнæкæсгæ,    хицауад  нæ баурæдта æндæр æм æндæр  медицинон  лæггад  Абхазы æмæ  Цхинвалы регионы  цæрæг  адæймæгтæн.  22  мартъийæ  абоны онг, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæй  централон  хицауады  контролгонд территоримæ  1000-ы онг  адæймаг рахызт, уыдонæй  316  æнæаргъæвгæ  медицинон æххуыс кæмæн хъуыд,  ахæм паицентты  æндæр æмæ  æндæр диагнозимæ  комкоммæ  рынчындæттæм фæхæццæ кодтой. Æрмæст  589  уæнгмæ, сæ  карантины периоды  аивгъуыды фæстæ лæвæрд æрцыд  æмбæлгæ медицинон лæггад.

«Мах пайда кæнæм алы  формалон æмæ æнæформалон   гæнæн  коммуникацион каналтæй, цæмæй  нын уа активон  коммуникаци  Абхазы  регионы цæрæг  æхсæнады  алы  æмбæлгæ зылдимæ, сæ нымæцы  медицинон сферæйы  минæвæрттæм  уый тыххæй,   цæмæй   регуляронæй исæм информаци    оккупацион хаххы  иннæ æрдгæй,  цæмæй  хъуаг сты, цы  хуызы  æххуыс  сæ  хъæуы  æмæ  цавæр проблемæты раз лæууынц,  уый фæдыл.  Хъыгагæн, Ахалгоры  æрдæм . «ахизæн пунктæй» цы хонынц,  уый æрыхгæды фæстиуæгæн, ацы  афонмæ  бынтон æхгæд  æмæ аразгæйæ  изоляцигонд у Цхинвалы регион.

Хицауады  уыцы тæккæйæ   равдыста бынæттон цæрджытæн æххуысмæ цæттæдзинад, куыд æхсæнадæмон партнерты,  афтæ тæвд  хаххы  фæрцы, фæлæ   ацы  афонмæ  æххуысы  фадат нæй.  Фæнысангонды тыххæй,   Сырх Дзуары  æхсæнадæмон комитетмæ  –  бынатыл кусæг иунæг  æхсæнадæмон организациимæ, бавдыстæуыд куырдиат, цæрджытæн гуманитарон  æмæ  медицинон  æххуыс фæфылдæр кæныны фæдыл,  кæцы  æрхаста конкретон  фæстиуджытæ.

Фидæны дæр  архайдзыстæм  æмæ  сагъæс кæндзыстæм конфликтæй  зианбавзарæг  цæрджытыл дихгæнæг хаххы  дыууæдæр фарсыл», – банысангонд у  фидыды фарстаты паддзахадон министры аппараты ахæлиугонд информацийы.