Паддзахадон министры аппарат – дихгæнæг хаххгæрон хъæутæн æххуысы паддзахадон  программæтæ æнæуромгæйæ цæуынц  æххæст
Паддзахадон министры аппарат – дихгæнæг хаххгæрон хъæутæн æххуысы паддзахадон программæтæ æнæуромгæйæ цæуынц æххæст

Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты  паддзахадон министры аппараты фидиуæнæй, бынтон æнæбындур у  фæстаг рæстæджы  æнæиухатт  ахæлиугонд  информаци, цæвиттон   дихгæнæг  хаххы  алфæмбылæйтты  уæвæг  хъæутæн æххуысы   паддзахадон программæтæ  урæд сты.

Афтæма  сæинформацийæ,  фæнысангонд программæтæ æнæаскуынгæйæ  цæуынц  æххæст.

«2013 азæй  абоны онг, æхсæнуагдонон хицауадон комиссийы  иунæг  рабадтыл дæр нæ уыд  уынаффæ дихгæнæг  хаххы  алфæмбылæйтты  уæвæг хъæутæн  æххуысы  программæты баурæдыл æмæ  уæвæг   программæтæ  æххæст цæуынц  æнæуромгæйæ.  Дихгæнæг хаххы  алыварс  хæъуты  конфликтæй  зианбавзарæг  цæрджыты  хъæуындзинæдтыл  реагиркæныны  рæстæгпмæ хицауадон  комиссийы  2021  азы  22 декабры  рабадтыл хаст уыд  уынаффæ,оккупацигонд территориты цур дихгæнæг хаххмæ хæстæг хъæуты цæрæг бинонты  зымæджы  периоды тæвдгондæй ифтонгады нысанæн,  æмбæлон  мадзæлтты сыххæст адарддæр уа.

Комиссийы уынаффæты  бындурыл, æмбæлон паддзахадон  уагдæтты æмæ бынæттон  хæдуынаффæты интенсивон  кусæн процессы  фæлгæтты цыдис стандартон процедурон  хай муниципалитеттæй  программæты бенефициарты  номхыгъдтæ  сбæрæг кæныны фæдыл  цæугæ  азы  уавæрмæ гæсгæйæ.  Кусæн процесс фæцис æмæ комиссийы  уынаффæты бындурыл, Гуырдзыстоны хицауады  барамындæй  æмбæлон падздахадон уагдæттæн бахæс ис  уынаффæты сыххæст.  Иннæ куырийы  райдайдзæнис дихгæнæг  хаххы  хъæуты  цæрæг цæрджытæ  ваучерты байуæрсты  процесс. Комиссийы уынаффæтæм æмбæлгæйæ,   уыцы хъæуты, цы ран бинонтæ  регистрацигон  сты   æрдзон газæй фæлхагæнджытæй, суммæ  рауæлдай ис  регистрацигонд  абоненттæн, æрмæст уыцы  хъæутæ, цыран  газификаци нырма нæ фæцис – дихгæнæг  хаххы цур  хæъуты  цæрæг  бинонты иуæй-иу уæнгыл» –  дзырдæуы   паддзахадон минситры аппараты  фидиуæны.