Паддзахадон департаменты минæвар – ис нæм æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, цæмæй дзуапп æрдомæм уыдонæй, чидæриддæр бæрнон у    адæймаджы барты  халыны Дунейы
Паддзахадон департаменты минæвар – ис нæм æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, цæмæй дзуапп æрдомæм уыдонæй, чидæриддæр бæрнон у адæймаджы барты халыны Дунейы

Америкæйы Иугонд Штатты  падзахадон  нымæрдары пресс-спикер  хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ Гуырдзыстоны  алы политикон  актор хъуамæ бафауæт  тыхмидзинад, 5-6  июлы  æрцæугæ  факттыл та фæдагуырд ауадзын хъæуы  æмæ   зылынджынты, закъоны æххæст карздзинадæй   дзуаппмæ раттын.

«Фыццаджы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы,  стыр зæрдæхъыг  æвдисæм  æмæ тæфæрфæс кæнæм  Лексо Лашкаравайы бинонтæн, уымæн уарзон адæймæгтæн æмæ йæ коллегæтæн.  Лæмбынæг нæ цæст дарттам   фæзындтæм  йæ  мæлæты фæдыл.  Курæг уæ стæм,  сабырдзинад бахъахъхъæнын  æмæ  уыцы  тыхмидзинад кæрон скæнын,  кæцыйы  амæттаг трагиконæй ссис иу адæймаджы, ацы цауы  уæ  коллегæйы  цард.  Алы гуырдзиаг журналисты  æдасдзинад æмæ  Гуырдзыстоны  демократийы  æууæнкджындзинад  домынц, цæмæй  алы  уæнг, кæцы 5-6 июлы  лæбурдта  сабыр демонстранттæм  æмæ  журналисттæм, афтæдæр уыдон, чидæриддæр тыхмидзинад сцырын кодтой,  рабæрæг уæд, æрцæуæд ахст  æмæ тæрхонмæ лæвæрд уæд  закъоны æххæст карздзинадмæ гæсгæйæ.

Гуырдзыстоны  лидертæм æмæ  барадхъахъхъанæг уагдонæн бакой кæндзыстæм  сæ бæрны фæдыл,  цæмæй  хъахъхъæнæт  алкæй конституцион  бартæ.  Бакой сын кæндзыстæм сæ бæрн, цæмæй   хъахъхъæнæт журналистты æмæ медийы  сæрибардзинад. Курæг стæм  гуырдзиæгтæй  иууылдæр, уый  нымæцы хицауадæй, æргомæй бафауæт   ахæм тыхмидзинад,  кæцыйæн нæй  бынат демократийы.  Сæрыстырæй  дарддæр кæнæм  æнæхъæн дунейы  лгбт  дзыллæйы  тыхмидзинадæй, криминализацийæ, дискриминаци æмæ стигмæйæ  иргъæвын.  Архайæм   стынг кæнæм  лгбт змæлдтæ æмæ  адæймæгты, категорионæй  йæ ныхмæ стæм  тыхмидзинадæн  лгбт кордты ныхмæ æмæ, кæй  зæгъын æй хъæуы,  ацы  цауы  дæр  фауæм  æбуалгъ  тыхмидзинад уæ раздæры  коллегæйы ныхмæ, кæцы  фæмард», –  райхъусын кодта Нед Прайс.

Афтæма йæ  ныхæстæм  гæсгæ, зæгъгæ ис сæм æндæр æмæ æндæр  мæцъистæ, цæмæй дзуаппмæ  раттой  уыдоны, чидæриддæр бæрнон у  адæймаджы барты  халыны  Дунейы, æмæ ахæм мæцъистæй  сæ иу у  санкцитæ, кæцыты кой рагафон нæ кæнынц.

«Премьер-министр æмæ йæ фидæны тыххæй  куы зæгъæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уый у гуырдзиаг адæмы аскуыддзаг кæнинаг. Ис нæм æндæр æмæ æндæр  мæцъистæ, цæмæй дзуаппмæ  раттæм уыдоны, чидæриддæр бæрнон у  адæймаджы барты  халыны  Дунейы. Куыд æй зонут, афтæмæй,  санкциты кой, рагафон нæ кæнæм, цалынмæ сæ не рбайсдзыстæм   уæдмæ, фæлæ  ситуацимæ  лæмбынæг нæ цæст дарæм.  Фæнды нæ фенæм, цæмæй  алчи, чидæриддæр  ацы фыдракæндтæ  кодта, дзуаппмæ лæвæрд  уыдысты.  Гуырдзыстоны алы политикон акторы тыххæй  куы зæгъæм,  уæд та сæ курæг стæм, ацы тыхмидзинад бафауын.  Гуырдзыстоны  хицауадмæ та нæ сидт   рафæлхатт кæндзыстæм,  лæмбынæг  фæд равзарæт  ацы хъуыддагыл  æмæ  фæстиуæгæн  та  ацы  æбуалгъ  фыдракæнд чи ракодта,  уыцы  гоймæгтæ  тæрхондонмæ лæвæрд уæд»,  – райхъусын кодта Нед Прайс.