Паддзахадон департаменты хаццæг – Гуырдзыстоны ис æхцайы легализацийы тохы институцион уагæвæрд
Паддзахадон департаменты хаццæг – Гуырдзыстоны ис æхцайы легализацийы тохы институцион уагæвæрд

Паддзахадон департаменты хаццæг – Гуырдзыстоны ис æхцайы легализацийы тохы институцион уагæвæрд

Гуырдзыстоны прокуратура æмæ барадхъахъæнджытæ стыр хъусдард хъуамæ раттой а.х. æхцайы сурс æмæ организгонд аххосагы бастдзинады рабæрæгæн, – уый фæдыл ныхас цæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты æппæтдунеон наркотикты контролы стратегийы 2021- æм азы хаццæгы, кæцы æхцайы сурсы тохмæ хауы.

«Æнæнзаконон æфтиагы стыр хай Гуырдзыстоны банкъон фæлитойдзинад æмæ кибераххосагмæ хауы. Криптовалютатæ Гуырдзыстоны регулиргонд не сты æмæ хъазæн бизнесы æвдыст сты куыд фарста, кæцыйы æрбитноныг у æнæмæнг», – ис фыст хаццæгы.

Документы ис фыст, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг экономикон уавæр дæтты фадат æхцайы сурсæн.

«Бизнесы арæзты æнцойдзинад, кæцы стыр кæны æхцайы сурсы тæссагдзинад, афтæ дæр тæссагдзинад криптовалютайы, кæцы Гуырдзыстоны регулиргонд не сты æмæ хъазæн бизнесы æвдыст сты куыд фарста, кæцыйы æрбиноныг у æнæмæнг», – ис фыст документы.

Хаццæгмæ гæсгæ, 2019-æм азы январы æрбадæттæгтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны 449 латарея æмæ æндæр хъазæн бизнес у регистриргонд. Афтæ дæр 34. Документ ис фыст, цæмæй хъазæн бизнесы мониторинг Гуырдызстоны финансты министрад æххæст кæны.

Æнæмæнг сты уæлæмхасæн архайдтытæ, цæмæй сферайы фадаттæ сырæзой æмæ афтæ дæр фæхуыздæр уа закон. Гуырдзыстоны прокуратурæ чысыл рæстæгы размæ сарæзта кибераххосагы тохы департамент æмæ афтæ дæр кусы криптовалютайы æнæманг инструментты сарæзтыл, кæцытæ барадхъахъæнджытæ пайда кæнынц,» -ис хаццæгы.

Паддзахадон департменты хаццæгы афтæ дæр ис фыст, цæмæй 2018-æм азмæ абаргæйæ Гуырдзыстоны хъазты бизнес бирæ гуырысхо транзакци рабæрæг кодта. Документы афтæ дæр ис фыст, цæмæй 2019-æм азы Гуырдызстоны æхцайы сурсы рискътæ астæукагонæй у аргълæвæрд, тероризмы финансирдзинады тæссагдзинад ныллæг у.