Паддзахадон департамент - Райгонд стæм уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты уынаффæтæй  ахастыты стабилизацийы нысанæй  æмæ сидæм Уæрæсемæ, сног кæна авиа-змæлд  Гуырдзыстонимæ
Паддзахадон департамент - Райгонд стæм уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты уынаффæтæй ахастыты стабилизацийы нысанæй æмæ сидæм Уæрæсемæ, сног кæна авиа-змæлд Гуырдзыстонимæ

Райгонд стæм  уырыссаг æмæ гуырдзиаг  лидерты  уынаффæтæй  ахастыты  стабилизацийы   нысанæй  æмæ   сидæм Уæрæсемæ,  сног кæна авиа-змæлд  Гуырдзыстонимæ – уый фæдыл  АИШ-ы паддзахадон департаменты  райхъусын кодтой. Информацийы  хъусын кæны  «Америкæйы  Хъæлæс».

«Америкæйы   Иугонд Штаттæ  сагъæсгæнгæйæ  кастис Уæрæсейы  хицауады æмæ думайы  уæнгты  æнæпропорцион реакцимæ Гуырдзыстоны  цæугæ  фæзындты фæдыл. Райгонд стæм  уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты  фидиуæнтæй æмæ уынаффæтæй,  дыууæфарсон ахастыты   стабилизацийы  нысанæй  æмæ  курæг стæм Уæрæсейæ  сног кæна  авиа-змæлд  Гуырдзыстонимæ» – райхъусын кодта «Америкæйы Хъæлæсы»  специалон корреспондентæн  АИШ-ы паддзахадон  департаменты минæвар.

Коментари  сырæзт Гуырдзыстоны фæстаг иу къуырийы   дæргъы  цæугæ  фæзындты  тыххæй  дæр Уæрæсейы  фарсы   реакцийыл.

Паддзахадон департаменты  фидиуæнæй,  Гуырдзыстонмæ ныццæугæ  фæсарæйнаг  туристтæ Æппæт Дунейæ,   сæхи æдасæй  хатынц  æмæ сыл уым хорз æмбæлынц.  Афтæма  АИШ-ы  фæсарæн хъуыддæгты  уагдон, Уæрæсемæ æрсидтис   фæхи баурома негативон  мадзæлттæ  райсынæй, уый нымæцы – санкциты уагæвæрдæй.

«Дарддæр кæнæм  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын, æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ курæг стæм Уæрæсейæ  кæрон скæна Гуырдзыстоны  территориты  20 проценты оккупаци» – фехъусын кодтой  «Америкæйы Хъæлæсæн»  Иугонд Штатты  паддзахадон департаменты.