Паддзахадон  департамент  официалон минæвары хæдивæг -  Гуырдзыстоны парламентон  æвзæрстытæ  конкурентон уыдысты
Паддзахадон департамент официалон минæвары хæдивæг - Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ конкурентон уыдысты

Америкæйы   Иугонд Штатты   паддзахадон   департаменты  официалон   минæвары  хæдивæг  Кейл Браун, Гуырдзыстоны  ацæугæ парламентон æвзæрстыт  кой ракодта.

«Разы  стæм  OSCE-ы  аргълæвæрдимæ. Гуырдзыстоны парламентон  æвзæрстытæ  конкурентон уыдысты  æмæ   хъахъхъæд уыд   фундаментон   бартæ,  фæлæ  æвзæрстгæнджытæм  хъомыс дарыны  æмæ  паддзахад æмæ  партийы æхсæн  уæвæг   мигъджын   арæны  фæдыл  аххосæгтæ  æхсæнады æууæнк  фæкаддæр кодта.  Аиппытæ  æмæ  документон  хæлдтæ  хъуамæ  аскуыддзаг уа», – хъусын кæны Браун.

OSCE/ODIHR Гуырдзыстоны ацæугæ  парламентон  æвзæрстыты  развæлгъау аргълæвæрд публикаци скодта знон.  Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй æвзæрстытæ  æмтгæй зæгъгæйæ  ивд  барадон фæлгæтты ацыд, кæцыйы  размæ  уыд  уæрæх  æхсæнадон консультацитæ,  кæцы  æрхастой  иуæй-иу  фæхуыздæр   демокративон  æвзæрстытæ ауадзынæн, фæлæ  хъæуы  фылдæр тыхархайд, цæмæй  аиппытæ  æдбын хафт  æрцæуой.