Паддзахадон  департамент – Алы фарсæй курæг стæм схиуыл хæцой, цæмæй ма рцæуа ахæм архайд, кæцы гæнæн ис  уавæр фæкарз кæна
Паддзахадон департамент – Алы фарсæй курæг стæм схиуыл хæцой, цæмæй ма рцæуа ахæм архайд, кæцы гæнæн ис уавæр фæкарз кæна

АИШ-ы паддзахадон  департамент  Гуырдзыстоны  айтынггонд  политикон фæзындты  кой  кæны.

Паддзахадон департамент  пресс-спикеры, Нед Прайсы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  та  фæстæмæ  сидынц алы фарсмæ хиуылхæцындзинадмæ,  цæмæй   ма рцæуа ахæм архайд, кæцы гæнæн ис  уавæр фæкарз кæна.

«Тынг мæтæйдзаг стæм  Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты тыххæй.  Фæстæмæ  та сидæм фарсытæм хиуылхæцындзинадмæ, цæмæй  ма рцæуа ахæм архайд, кæцы гæнæн ис  уавæр фæкарз кæна.  Курæг стæм  Гуырдзыстоны  хицауадæй,  архаййæт евроатлантикон   тырнынадтæм æмбæлгæйæ, стынг кæна  йæ  хæстæ  демократийы  принципты,  хисæрмгаонд сæрибары æмæ  закъонмæ  гæсгæйæ,  сифтонг кæна уый цæмæй  тæрхондоны  æмæ прокуратурæйæ  системæтæ уа уæгъдибар  политикон  æндæвдадæй.  АИШ  йæ фарс хæцы   демократон, æдас æмæ   æнтыстджын  Гуырдзыстонæн.  Дарддæр кæнæм  Гуырдзыстонимæ  кусын, цæмæй  сын баххуыс уæм   закъоны сæйрагдзинад æмæ  институтты хыгъдон  бæрнондзинад стынг кæнынæн»? – райхъусын кодта Нед  Прайс.