Паата Имнадзе нæ бæлвырд информаци, цæмæй гæнæн ис æххæст локдаун  æрбайстæуа
Паата Имнадзе нæ бæлвырд информаци, цæмæй гæнæн ис æххæст локдаун æрбайстæуа

Низты контролы  националон центры  къухдариуæггæнæджы хæдивæг  Паата Имнадзе нæ бæлвырд информаци, цæмæй   коронавирусы тыхæхй, гæнæн ис  автомобилтæй  змæлд рæстæгмæ  урæд æрцæуа  æмæ  æххæст локдаун  æрбайстæуа.

Имнадзейы  дзырдæй, ахæм информаци  зæгъгæ  дам-думы йеддæмæ ницы у.

Афтæма Паата Имнадзе хъусын  кæны, ома  алы арæнæвæрд   рагагъоммæ фыст дыууæмæййон планмæ  гæсгæйæ   цæуы æххæст.

«Ахæм ницы  кастæуы,  хæлиу кæнынц  дам-думтæ  æмæ сын  рæстдзинадимæ ницы иумæйаг ис.  Хъыгагæн  а бæстæйыл бирæ  адæймаг ис, кæцы  хахурхæссынадæй  архайынц принципæй «цас фыддæр  уый йас  хуыдæр». Ахæм мадзæлттæ  æппын нæ кастæуынц, ныхас цæуы  сæрыфыццагæй  цæй  тыххæй райхъусын кодта хицауад, уый фæдыл, – дыууæмæййон планыл. Алцыппæт  арызт цæудзæн уымæ гæсгæйæ» – райхъусын кодта  Имнадзе.