Паата Имнадзе – Локдаунæн  нæ  экономикæ нæ бафæраздзæн, фæлæ  ранæй-рæтты  арæнæвæрдтæ  ауæрæхдæр кæнын хъæуы
Паата Имнадзе – Локдаунæн нæ экономикæ нæ бафæраздзæн, фæлæ ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ ауæрæхдæр кæнын хъæуы

Премьер-министры æмæ  æнæнизхъахъъæды сферæйы   эксперттимæ  фембæлды фæстæ   низты контролы  æмæ  æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды  националон центры   директоры хæдивæг, Паата Имнадзе  фехуъсын кодта, ома ацы рæстæгмæ  бæстæйы  архайæг  арæнæвæрдтæ  æгъгъæд кæй  нал сты, уый.

Имнадзейы  фидиуæнæй,   æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды специалистты   цæстæнгасмæ гæсгæ,   алыгъуызон интеллектуалон  фæрæзтæй  спайда кæнын хъæуы.

«Фембæлд уыд тынг нысаниуæгджын. Хъыгагæн, сæрæйдæр уыд  прогнозтæ, цæмæй  алы уыцы активондзинад, кæцы  бæстæйы  уыд,  расайдтаит  инфицирады  цауты  ахæм  рæзыт.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  хъуамæ  спайда кæнæм  алы  уыцы  интеллектуалон  ресурсæй,  кæцы ис  бæстæйы  æхсæнадон   æнæнизхъахъхъæды специалистты цæстæнгасæй,  сæ  нымæцы  фæсарæнты  уæвæг нæ коллегтæ дæр.

Алчи разы стæм, цæмæй   ацы  арæнæвæрдтæ,  кæцы  архайы  бæстæйы, æгъгъæд нал  сты   ацы  уавæры.  Ныр ма  хæъуы,  зæгъæм, фылдæр  ранæй-рангай  арæнæвæрдтæ  сфидар кæнын.  Банысан кæнын хъæуы, цæмæй  нæу  нæ бон  локдаун  рæрбайсын, нæ  экономикæ  уымæн нæ бафæраздзæн,  фæлæ  ранæй-рæтты  арæнæвæрдтæ   ауæрæхдæр кæнын  хъæуы,  уыйимæ разы стæм алчи.  Афтæмæй  нæм  æрбафтдзæн фадат, минималон сæфтæй  фервæзæм ацы  тохæй», –   райхуъсын кодта Паата Имнадзе.