Ото Немсадзе Евроуынынады кæсджыты раз эффектджын шоу сæвæрдта [фото-видео]

Ото Немсадзе  Евроуынынады   кæсджыты  раз эффектджын   шоу сæвæрдта.  Евроуыныныады  зарæджы  конкурсыл  Гуырдзыстоны  минæвар  иуæндæсæм   номырæй  рацыд   æмæ азарыд  «Сул Цъин Иарэ».

Рацыды сценæйыл æрæвæрдыл   бакуыстой  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  режиссер  Ираклий  Гокадзе æмæ  графикъæй  дæсны  Леван  Лорткипанидзе.

Цъус рæстæгмæ  фæбæрæг уыдзæн,  ахиздзæн æви нæ  Гуырдзыстоны  минæвар  конкурсы  финалон этапмæ.

Хъæдæскæнынады  рæстæджы,   Ото Немсадзе сценæйы  куы  лæудзæн,  уæд экрантыл  разындзæн  цыбыр текстон   хъусинагæй  æмæ   телефонон  номыртæ.   Фæсарæнты  цæрæг  сæрхъызойтæн,  схъæлæс кæнын  растдæр ацы  номыртыл уыдзæн сæ бон.   Иу  номырæй  гæнæн ис 20 хатт  адзурын.

Евроуынынады   зарæджы  радæй 64-æм конкурсы фыццаг æрдæгфинал  абон   Тель-Авивы   ацыд.  Абоны  комкоммæ  трансляци, радæтта  Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал.  Евроуынынады зарæджы  конкурсы  дыккаг æрдæгфинал  16  майы, финал – 18   майы  ацæудзæн, комкоммæ  транслæцийы та  Гуырдзыстгоны  Фыццаг  Къанал 23:00  сахатæй  равдисдзæн.