OSCE-ы  сæрдар Эн Линде фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ
OSCE-ы сæрдар Эн Линде фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ

OSCE-ы  сæрдар, Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линде, фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ.  Уый фæдыл  информаци  публикацигонд у  OSCE-ы веб-фарсыл.

Пресс-релизы дзырд ис, цæмæй Эн Линде  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг уыдзæн 16 февралы  æмæ бæрзонд къæпхæны  фембæлдтæ  ауадздзæн.

Визиты фæлгæтты  Линде фембæлдзæн  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Гиоргии Гахариаимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалианиимæ  æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстыты  Гуырдзыстоны  падзахадон министр Тея Ахвледианиимæ.

Бадзырдты сæйраг темæ уыдзæн   OSCE-ы æмæ  Гуырдзыстоны æмгуыстад фæфидардæр кæнын.

OSCE-ы  сæрдар Эн Линде афтæдæр  ауадздзæн бадзырдтæ  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ, парламенты  уæнгтимæ  æмæ æмбæстагон  æхсæнадимæ, цæмæй  æркæса OSCE-ы  Швецийы  сæрдариуæгы приоритеттæ, афтæма ацæудзæн  пресс-конференци  гуырдзиаг  медийæн.

OSCE-ы  сæрдар афтæдæр хъавы  Европæйы мониторингы  миссиимæ фембæлын.

Гуырдзыстонмæ визиты фæдыл Эн Линде фыссы социалон хызагы дæр.

«Фæцæуын Гуырдзыстонмæ OSCE-ы сæрдары  рангы.  Сбæлвырд кæндзыстæм OSCE-ы хъæддых  фарсхæцынад Гуырдзыстонæн конфликты  аскуыддзагы æмæ  институтты  стынг кæныны – дыууæдæр сферæйы,  цы ран сылгоймæгтæн æмæ æмбæстагон дзыллæйæн    скуыддзаггæнæг  роль сыххæст кæнын у сæ бон»-  фыссы Линде.