OSCE-ы  минæвар – райгонд дæн, цæмæй  адæймæгтæ  пайда кæнынц  дзырды  сæрибардзинадæй, фæлæ тыхмидзинады факттæ  æнæруадзгæ сты, сидын акцийы  хайдисджытæм  цæмæй уæт  сабырадон
OSCE-ы минæвар – райгонд дæн, цæмæй адæймæгтæ пайда кæнынц дзырды сæрибардзинадæй, фæлæ тыхмидзинады факттæ æнæруадзгæ сты, сидын акцийы хайдисджытæм цæмæй уæт сабырадон

OSCE-ы  цæстдарæг  мисси Гуырдзыстоны цæугæ  акциты  кой  кæны.

OSCE-ы  информацийы  банысангонд у, цæмæй 31  октябры ацæугæ парламентон  æвзæрстыты фæстиуджыты  ныхмæ Тбилисы   пъæлицæйимæ  быцæудзинады фæдыл  инфолрмаци куы  айхъуыстис уый фæстæ,  OSCE-ы  -ы  специалон  координатор  æмæ   OSCE-ы  -ы  цыбырæмгъуыдмæ   æвзарæнон миссийы  къухдариуæггæнæг  Пиа Каума  акцийы   хайадисджытæм сидынц, сæхи бауромой  тыхмидзинадæй  æмæ  хицауадмæ та  сидынц,  цыт кæнæт   æмбырды æмæ  дзырды  фундаментон сæрибарæн.

«Ноджы иу  хатт  дзурæм, цæмæй 31  октябры,  парламентон æвзæрстытæ  уыд конкурентджын  æмæ æмтгæй райсгæйæ   фундаментон  сæрибардзинад  хъахъхъæд уыд.  Ацы рæстæджы,   мæтæйдзагæй  кæсæм Гуырдызстоны  фæстагрæстæгон  протесттæм.  Арфгæнæг  стæм цæмæй адæймæгтæ пайда кæнынц  дзырды сæрибарæй, фæлæ  тыхмидзинады  факттæ æнæруадзгæ сты.  Курæг стæм акцийы хайадисджытæй, цæмæй  уæт  максималонæй  сабырадон.  Иурæстæгонæй  хахх кæнæм, цæмæй   пъæлицæй  хæсджын у,  равдиса хиуылхæцынхъомдзинад   демонстрантты  дзуаппæн, хицауад æнæмæнгæй  хъуамæ хъуса  акцийы  хайадисджытæм æмæ  цыт кæнæт  фундаментон   сæрибардзинæдтæн» –  хъусын кæны Ходжа.

«Курæг  дæн  алы   акторæй, биу  уæт  конструктивон  диалогмæ,  фæтых уæт нырыккон поляризаци  æмæ  иумæ бакусæт стабилон    политикон  уавæр  æрфидар кæнынæн  æмæ  ацы рæстæджы,  сæ хъусдард   раздахæт æхсæнадæмон   интересджын  фарсытæй  райсгæ сигналтæм.  Фæнды мæ равдисон мæ  фарсхæцынад  Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийæн,æвзæрстытыл  гæнæн  фæтксасты  бацахуыры  инклюзивон процессы  тыххæй» – райхъусын кодта Пиа Каума.

«Гуырдзыстоны  фæстаг  дыууын азы  дæргъы  æвзæрстыты  æмæ фæдылдзог  политикон  фæзындтæм нæ хъус дарæм,  уырнæг дæн,  цææмй  алы  интересджын  фарс  равдисдзæн  максималон  хиуылхæцынхъомдзинад  æмæ  равдисдзæн  бæрнон ахаст  æмæ иузæрдыгдзинад  иумæйаг  фарны рдæм,  ноджы тыхджындæр демокративон институтты æмæ æхсæнадон  æууæнкы  фæфидар кæныны  нысанæн» –  райхъусын кодта генералон нымæрдар  Роберто Монтела.