OSCE-ы генералон нымæрдар, Америкæйы  минæвар, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты  паддзахадон  министр,  фембæлдысты Заза Гахеладзейы  бинонтимæ
OSCE-ы генералон нымæрдар, Америкæйы минæвар, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр, фембæлдысты Заза Гахеладзейы бинонтимæ

OSCE-ы генералон нымæрдар, Америкæйы  минæвар, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты  паддзахадон  министр,  фембæлдысты Заза Гахеладзейы  бинонтимæ.

Гахеладзейы  бинонтæ  æхсæнадæмон  организацийы минæварæй  фехъусытой информаци, цæмæй  цы мадзæлттæ  æххæст цæуынц  уый тыххæй, æмæ æнæзаконон ахсты уæвæг  Гахеладзе  ссæрибар уа æмæ йæ бинонтæм æрыздæха.

Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледианийы  фидиуæнæй,   зæгъгæ инциденттæ маруадзыны   æмæ сыл реагир кæныны  механизмты фæлгæтты  Заза Гахеладзейы  фарста,  ноджы иу  хатт слæууын кæндзысты.

Фембæлды фæстæ Заза Гахеладзейы  бинойнаг  куыд  райхуъсын кодта афтæмæй,  бинонты иунæг æркуырд у  Заза Гахеладзейы ссæрибар кæнын.

«Иунæг  æркуырд нын ис  абоны онг æмæ ай  у  Зазайы  ссæрибар кæнын. Æндæр ницы курæг стæм. Дзырд нын раттой цæмæй  кусынц æмæ  ноджы  адарддæр кæндзысты кусын, цалынмæ  фæстиуæг нæ уыдзæн уæдмæ. Конкретон датæтыл  ныхас  нæ уыдис, цы къахдзæфтæ сараздзысты  уый фæдыл  лыстæг нæ радзырдтой» -загъта Ирма Бутхузи.