Оккупацигонд  Цхинвалы а.х. хицауад хъусын кæны, цæмæй  «дохтыр Важа Гаприндашвилийы ахстмæ гæсгæ, уыдонмæ  хъомыс дарын дзæгъæлы у»
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. хицауад хъусын кæны, цæмæй «дохтыр Важа Гаприндашвилийы ахстмæ гæсгæ, уыдонмæ хъомыс дарын дзæгъæлы у»

Оккупацигонд  Цхинвалы  а.х.  паддзахадон æдасдзинады   комитет, дохтыр  Важа Гаприндашвилийы  ахсты тыххæй,  æлхъывдад, æнæперспективонæй схуыдта –  уый  фæдыл   информаци хъусын кæны  агентады «РЕС».

А.х. æдасдзинады  комитеты фидиуæны дзырдæуы,  цæмæй  зæгъгæ «комитет   арæныл   провокацийы  фактыл  Тбилисы  цæугæ  массон протестон акцитимæ сбаста».

Комитеты информацийæ, Важа Гаприндашвили, «арæн 9 ноябры  фехæлдта æмæ  фæнысангонд факт, хорз цæттæ  развæлгъау  плангонд  уыд».

«Ноябры райдианы,  Важа Гнаприндашвили   фæсарæнты  уыд хъуыддагмæ æрвыст,  кæцы  рæстæджы дæр Балтийы былы бæстæтæм ныццыд, сæ нымæцы Эстонимæ.  4 ноябры та,  Гаприндашвили æрыздæхт Тбилисмæ, цы ран 65  ноябрæй  8 ноябры банымадæй,   пациентты иста  клиника  «Медиклаб-Джорджиайы». 6 ноябры В. Гаприндашвилийы  «Гуырдзыстоны Банкъы» хыгъдмæ, премиалон пакет  «Соло»-мæ  æрвыст æрцыд  æхцайæ æрвитæггаг  21 000 ларийы  бæрцæй. 8 ноябры та, В.Гаприндашвили  йæ клиенттимæ ныхасы фехъусын  сын кодта, цæмæй  сабат æмæ   хуыцаубон, уый Тбилисы нæ уыдаит æмæ сæ райсын, йæ бон æрмæстдæр  къуырисæры, 11-мæ  адарддæр кодтаит»- дзырдæуы   оккупацигонд  Хуссар Ирыстоны   паддзахадон æдасдзинады   комитеты  информацийы.

А.х.  æдасдзинады  комитеты  информацийы, афтæдæр дзырдæуы,   цæмæй  сæм ис  Важа Гаприндашвилийы  телефонæй ныхæсты  ныффыстытæ.

«9 ноябры, 10:00  сахатыл, В. Гаприндашвили  фембæлд  йæ коллегæ  Ираклий  Къартъозиаимæ,  кæцыимæ иумæ  таксийæ  Къаспы районы алфамбылай  Сакоритллойы  цæрæн пункты æрдæм  ацыдысты.  11:00-æй 11:40  сахаты онг периоды, В, Гаприндашвили  ахызтис  а.х. арæныл  Монастерийы  хъæуы  æрдæм, кæцыйы  тыххæй  уый  Ираклий Къартъозиайæн телефонæй  ныхасы рæстæджы  фехъусын кодта. Ацы телефонон ныхасы  фæстæ, Гаприндашвилийы  ахсынц. Æрфарсты рæстæджы В.Гаприндашвили райхæлдта, цæмæй  арæныл специалонæй  ахызтис, цæмæй   йæ фæндыд  Монастерийы  хъæуы  аргъуан  абæрæг кæнын, фæлæ йын нæ  бантыстис, йæ религион  цæстæнгасы  æмæ  дины  тыххæй бирæ дырысæй дæр   фæныхас кæнын.  Афтæдæр В.Гаприндашвили   нæзагъд ракодта,  дзуапп раттын  кæцы  партиимæ æмхиц у  уый фæдыл фарстытæн. Райхъусын кодта, цæмæй  йæ фарс хæцы,  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгæй  суæвынæн,  Хуссар Ирыстоны паддзахадон  арæнсæттын нымайы,  куыд «Гуырдызстоны  æмбæстагы закъонон  бары сæххæст, сæрибарæй бынативды фæдыл»,  Хуссар Ирыстон нымайы  «Гуырдзыстоны территорийæ, кæцыйы  оккупаци  скодта Уæрæсе», йæхæдæг Уæрæсейы  та,  Гуырдзыстоны паддзахады  сæйраг знагæй. Афтæма, В. Гаприндашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ уый, куыд  Гуырдзыстоны æмбæстаг афтæ,  йæхимæ  уадзы  бар,  скритикæ кæна  Гуырдзыстоны   кæцыфæнды  политикъон  къухдариуæгад æмæ  закъонон методтæй  æрдома ацы кæнæ  æндæр  нормативон  акт раивын. Ацы фактытæ зæрдыл даргæйæ,  афтæдæр Гуырдзыстоны æмæ  ныгуылæйнаг медитйы  В. Гаприндашвилийы  æнæаргъæвгæйæ   ссæрибар кæныны  æркуырдæй сæвзæргæ  истерийæ,  комитет  комкоммæ  сбаста   провокацийы  Гуырдзыстоны массон  протестон  акцитимæ.  Гуырдзыстоны  оппозицийы, йæ ныгуылæйнаг  кураторты æмæ  афтæдæр  официалон  Тбилисы  архæйдтытæ,  самал кæна  политикъон  дивиденттæ Важа Гаприндашвилийы фæрцы,  афтæдæр, балхъива Хуссар Ирыстоны  хицауадыл, сæрмагонд мидрейтинг фæхуыздæр кæныны нысанæй,  перспективæ  цæмæн нæй  ахæм архайд у» – банысангонд у  оккупацигонд Хуссар Ирыстоны  а.х.  паддзахадон æдасдзинады  комитеты  информацийы.