Октябры райдайæнæй  классты ахуыр,   зæгъæн ис, 330-ы бæрц  скъолайы сног уыдзæн
Октябры райдайæнæй классты ахуыр, зæгъæн ис, 330-ы бæрц скъолайы сног уыдзæн

Октябры  райдайæнæй  классты  ахуыр  Гуырдзыстоны  масштабæй  330  онг сколайы   сног уыдзæн. Уый фæдыл  журналисттæн  фехъусын кодта низты контролы националон   центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.

Гамхърелидзейы  дзырдæй, зæгъгæ  ацы скъолаты  тынг  ныллæг у  инфицирады  бæрæггæнæн.

«Активонæй кусæм  ахуырады министрадимæ æмæ  нырид фехуъсын кодтам, цæмæй  октябры райдайæнæй   сног уыдзæн   ахуыр скъолаты  уæвгæйæ,  330-332-ы онг  скъолайы.  Афтæ  бахыгъд кодтой  уæлхох хъæуты  скъолаты.  Ацы скъолаты  нырид ахуыр кæнæм эпидемиологион уавæр.  Развæлгъау бæрæггæнæнтæ  уын  зæгъдзынæн, алы  уыцы  скъолайы  уавæр бацахуыр кодтам,  цæмæй  цал адæймаг   сæнæниз ис  ковид-инфекцийæ,  цал ахуыргæнæг у  вакцинацигонд ацы скъолаты.  Ацы информацитæ  нæм нырид ис  æмæ кусæм   ахуырады   министрадимæ, цæмæй   фæстагмæ ахицæн кæнæм, ацы  330-332  скъолайы  æнæмæнгæй  сног уа  ахуыр, уымæн æмæ  уым тынг ныллæг у  инфицирады бæрæггæнæн.

Иннæты  фæдыл дæр афтæ   бацахур кæнзыстæм информаци, цæмæй  цас  æдас   сты  скъолатæ æмæ университеттæ æмæ абон кæнæ  сом  ацы  концепцийы  министрадимæ æмæ æнæнизхъахъхъæды  министрадимæ  иумæ  æркæсдзыстæм»,- райхъусын кодта   Амиран Гамхърелидзе.