Оккупацион хаххы дæргъмæ лæууæг хъæу Хъарапилайы  натуралон  нозт «Комбучайы»  заводы арæзтад  райдыдта
Оккупацион хаххы дæргъмæ лæууæг хъæу Хъарапилайы натуралон нозт «Комбучайы» заводы арæзтад райдыдта

«Партнерон Фонд»  «Стартап Гуырдзыстоны» æмæ  USAID-Zrda-ы æххуысæй,   дихгæнæг  хаххы  алфамбылæйтты, Къаспийы  муниципалитеты  хъæу Хъарапилайы,  натуралон   нозт    «Комбучайы»  заводы  арæзтад райдайы. Ферментацигонд цайæ, æрдзонæй  газджын, удæгас  ферменттæй  бонджын   нозты заводы  арæзтады бындуры  абон символон  капсула дæр нывæрдтой.

«Стартап Гуырдзыстоны» æмæ  USAID-Zrda-ы  иумæйаг   ног инициативæйæн йæ нысан у,  дзырдæй  дихгæнæг хаххы  дæргъмæ  хъæуты  цæрджытæн фадат раттын,  райдайæт сæрмагонд иновацион, ногдзинæдтыл ориентацигонд   бизнес,  бынатыл фылдæр заводты æмæ кусæнуаты саразыны тыххæй.

Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар Келли дегнан  куыд райхъусын кодта уымæ гæсгæ,   зæгъгæ инициативæ  уымæй дæр у нысаниуæгджын, æмæ  сæвзæрын кæндзæн  куыст бынæттæ  ахæм чысыл  рæтты,  цахæм дæр у Хъарапила  æмæ  бынæттон цæрджытæн  дæтдзæн  æфтиагы фадат.

Нозт «Комбуча» сæйраг миниуæг у  детоксикаци  æмæ имунон системæ фæтхыджындæр кæнын, кæцы у  21-æм æнусы  иуæй-иу  сæйраг æртъхъирæнæн  дзуапп, сæрмагондæй  та, æнæниздзинад бахъахъхъæнын  чъиззи æрдзон уавæрты æмæ  организмы  органикон продуктты дефицит  баххæст кæнын.

«Стартап Гуырдзыстоны» æмæ  USAID-Zrda-ы ног инициативæйы  приоритет у  инновацион  заводты  финанс кæнын.  Бенефициары бахъæудзæн  минималон  æхца нывæрын, 90%-ы та  Стартап Гуырдзыстон,   бирæмгъуыдон   уæлбарджын  инвестицийæ  сфинанс кæндзæн, æрмæст  «USAID-Zrda»  та бенефициарæн фæнысангонд æмтгæйон   суммæ  фæдывæр кæндзæн æмæ йæм æй  лæвар гранты  хуызæй  ратдзæн.

«Стартап Гуырдзыстонæн»  ацы  этапыл  ис  106 уæлахизгонд, сæ нымæцы  86 бизнес-идея, инновацион  компонентмæ  хауы.  Уæлахизгонд стартап-  идеяты æххæст кæнын  этапгай  цæуы.