Оккупацион хаххы цур Гъогъеты хъæуы уыд оппозицийы минæвар Нато Чхеидзе
Оккупацион хаххы цур Гъогъеты хъæуы уыд оппозицийы минæвар Нато Чхеидзе

Оккупацион  хаххы  цур, хъæу Гъогъеты   уыдис  оппозицийы  минæвар  Нато  Чхеидзе. Уый  Гъогъеты уыцы ранмæ  бацыд, цы ран уырыссаг  æфсæддæттæ  хъæдæй  цæджындзтæ ныссагъдтой.

Нато Чхеидзе  хицауадæн бакой кодта оккупацион хаххы  цур цæрæг   адæмы  проблемæтæ æмæ йæм  æрсидтис  архайадон къахдзæфтæ саразынмæ.

«Ныр  тынг  куы фæактивон кодтой   зæххытæ  хибакæнынæн  архæйдтæ,   бæрæг  у  цæмæй   хъуамæ æрцыдаин æмæ фæныфсджын кодтаин    бынæттон цæрджыты.  Æнæмæнгхъæугæ у  цыдæр сараза хицауад  æмæ  йæ  капитулянтон  политикæйы тыххæй  куы ницы  аразы, уæд цæрджытæм уæддæр хъуамæ æрбацæуа  æмæ   сын   фидæны ныфс уæддæр ратта.  Бæрæг куыд у афтæмæй,  хицауад  ницы фидæн уыны  йæ  политикæйæ æмæ   уый тыххæй  дæр нæ рацæудзæн цæрджытæм.  Уый адыл  мах, нæ зæрдæ кæмæн риссы  цæрджыты  трарегдийæ æмæ   нæ  зæххыты  амондыл  чи хъуыды кæнæм,  уыдон хъуамæ равдисæм протест. Чи зоны   ацы  нæфæллайгæ   протестæй   фылдæр  саразын кæнæм   нæ  уæйгонд хицауадæн» – райхъусын кодта  оккупацион хаххы  цур   Нато Чхеидзе.