Оккупацигонд Цхинвалы Заза Гахеладзейы  а.х. тæрхоны процесс адарддæр уыдзæн 5 февралы
Оккупацигонд Цхинвалы Заза Гахеладзейы а.х. тæрхоны процесс адарддæр уыдзæн 5 февралы

Оккупацигонд Цхинвалы Заза Гахеладзейын а.х. тæрхоны процесс адарддæр уыдзæн 5 февралы.  Ацы информаци  Гуырдзиаг фарс райста   Евроцæдисы тæвд хаххы фæрцы.

А.х. тæрхоны процесс  абон дыууæ  сахаты дæргъы  цыдис.

«ПÆК нæм æрбадæтта информаци, цæмæй  тæрхоны процесс фæцис абон æмæ  фæдылдзог  процесс  ацæудзæн 5 февралыю  Куыд нын загътой  афтæмæй,   æнхъæлцау, уый уыдзæн фæстаг процесс.  Къазнайы  адвокатмæ изæры фæдзурдзыстæм æмæ  æнхъæлцау нæм фылдæр информаци уыдзæн. Адвокатæй  цы зонын, раззаг процессыл мæ мойы  æмæ уырпыссаг æфсæддæтты  бавдисæнтæ  кæрæдзимæ фемдзыд сты æмæ уый цææмй Заза барæй  æхста,  никуы  фæбæрæг ис.  Ахсты æмгъуыд йын дыууæ хатт адарддæр кодтой  æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, цы уынаффæ рахæсдзысты.  Ныфс  нæ сафæм», –  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  ныхасы рæстæджы Заза Гахеладзейы  бинойнаг  Ирма Бутхузи.