Оккупацигонд Цхинвал, Ахалгоры  цæрджытæн медицинон лæггад райсынæн оккупацион хаххыл рахизыны бар радта
Оккупацигонд Цхинвал, Ахалгоры цæрджытæн медицинон лæггад райсынæн оккупацион хаххыл рахизыны бар радта

Оккупиргонд Хуссар Ирыстоны  а.х.  æдасдзинады  совет Ахалгоры цæрджытæн,  медицинон лæггад райсынæн, оккупацион хаххыл рахизыны  бар радта.

Агентад «Коминфойы»  информацийæ,   фембæлд оккупацигонд Хуссар Ирыстоны а.х. президент Бибылты Анатоли сарызта.

Де-факто режимы   уынаффæйæ,  оккупацигонд  Ахалгоры   цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæм нæй  нæдæр Хуссар Ирыстоны æмæ нæдæр Уæрæсейы  æмбæстагад æмæ сын æнæмæнгхъæугæ   у æвæстиат   æмæ бæрзондтехнологион  æххуыс,  оккупацигонд арæныл рахизыны  æмæ Гуырдзыстоны хицауады  дæлконтрол  территоримæ рацæуыны бар уыдзæн.

Оккупацигонд Хуссар Ирыстоны де-факто  хицауад   афтæдæр  ахицæн кодта æмбæлон уавæртæ срæвдз кæнын,  цæмæй Ахалгоры  цæрджытæ, кæцытæм нæдæр Хусар Ирыстоны æмæ  нæдæр Уæрæсейы æмбæстагад ис, цалынмæ сæ  пенсион фонды хыгъдыл сæвæрой  уæдмæ исой  пенситæ.