Оккупацигонд Ахалгоры Гуырдзыстоны æмбæстагы марихуанайы бавæрыны тыххæй æрцахстой
Оккупацигонд  Ахалгоры Гуырдзыстоны æмбæстагы  марихуанайы  бавæрыны  тыххæй   æрцахстой

 

Оккупацигонд  Цхинвалы  регионы  а.х.  барадхъахъæнæг оргæнтæ  Ахалгоры  уагъд  рейды рæстæджы, Гуырдзыстоны æмбæстагы  марихуанайы  бавæрыны  тыххæй   æрцахстой.   Информацийы    хæлиу кæны бынæттон медиа.

А.х. протоколы  фыст ис, ома Гуырдзыстоны  25 аздзыд æмбæстагмæ,   кæцы Toyota-ы маркæйы  хæдтулгæйæ  змæлыд  йемæ уыд  3,95 грамм   марихуана (гæн).

«Цæрæн ран Ленингоры   рейды рæстæджы  милицийы  кусджытæ  баурæдтой  «Тойотайы» маркæйы  хæдтулгæ. Тæрæгы –  Гуырдызстоны   25  цæрæгы   хæлафы  дзиппы  ссардæуыд   зайæгой   хус  цъæххуыз  массæйы тыхтон.  Экспертизæйы фæстиуæгæн  ффæнысангонд буарад уыд   3,95 граммы  наркотикон   фæрæз гæн»  – рфехъусын кодта  бынæттон медийæн  де-факто  уагдоны уæвæг  ратæдзæн.

Гуырдзыстоны  æмбæстагы  фæдыл фылдæр  детæлттæ   ацы  афонмæ бæрæг не сты.