Оккупацигонд Абхазы  Ираклий Бебуайæн 9 азæй ахст стæрхон кодтой
Оккупацигонд Абхазы Ираклий Бебуайæн 9 азæй ахст стæрхон кодтой

Оккупацигонд Абхазы  Ираклий Бебуайæн  9 азæй  ахст æнæзакононæй  стæрхон кодтой, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты  фидиуæны у банысангонд.

ПÆК-ы  хъусинагæй,   факты фæдыл æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кодтой  Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттæн.

«Ираклий бебуайæн, афтæ  куыд  оккупацигонд территоритыл, æнæзаконон ахæсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæуæлдайныхасæй  ссæрибар кæныны фарстæ,  карзæй бавдыст уыдзæн  цæугæ азы 10-11  декабрмæ плангонд  Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  радон раундыл», – хъусын кæнынц  ПÆК-ы.

Галы цæрæг  Ираклий Бебуайы  сентябры кæрон Абхазаг  тырыса басудзыны  тыххæй æрцахстой.  Фæстæдæр, Абхазы  де-факто  МХ министрад райхъусын кодта, цæвиттон  Бебуайы  хæдзары  ссардтой  гранатæ.