Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба
Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис архайæг де-факто президент Рауль Хаджимба. Уый хъæлæсты 47,38 процент райста, йæ ныхмæлæууæг Алхас Къвициниа та – 46,19%.
Де-факто Централон Æвзæрстгæнæг Камисы сæрдары Тамаз Гогиайы фидиуæнæй, хъауджыдæрдзинад у иу мин хъæлæсы онг.
Рауль Хаджимба йæхи уæлахизгондæй фæстиуджыты публикацийы размæ, сæрмагонд бæрæггæнæнтыл æнцойæ райхъусын кодта æмæ фарсхæцджытимæ иумæ, уæлахиздзинад банысан кодтой æвзарæнон штабы.
А.х. æвзæрстыты фæстиуджытимæ разы нæу Алхас Къвициниа. Уый бахъаст кæнын хъавы.
Оккупацигонд территорийыл æдæппæт 152 æвзарæнон фадыг уыд. Ахæлиугонд хъусинагæй, аюх. Æвзарæнон фадгуытæм, 83 000-ы онг адæймаг бацыд.