Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 366 678  æмбæстаг
Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 366 678 æмбæстаг

8 сентябры  бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны  коронавирусон инфекцийы ныхмæ  æмтгæй  райсгæйæ вакцинацигонд сты 1 366 678, – уый тыххæй  информаци хъусын кæны  низты контролы  националон  центр.

Афтæма  сæ информацийæ, 7 сентябры  сæхицæн низы ныхмæ  хос  бафтыдтой  27 011  адæймаг.

Уыимæ иумæ,   иу  дозæйæ  вакцинацигонд сты 856956 адæймаг,  æххæстæй  вакцинацигонд сты 509 722.

Вирусæй  инфицирады  ног цауты  æрдгæй  та  абоны  статистикæ ахæм у:  сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 571  ног цау, сæнæниз ис 3 668  пациент. Коронавирусæй  рынчын ноджы 60  пациент та   амард.