Одессайы  фысымуаты зынгсирвæзты рæстæджы фараст адæймаг фæмард
Одессайы фысымуаты зынгсирвæзты рæстæджы фараст адæймаг фæмард

Одессайы  фысымуаты зынгсирвæзты амæттаг фесты  фараст адæймаг, 10  райстой  буары зиæнттæ. Сыгъд  фысымуат «Токио Стар»-ы 17 августы æхсæвы  фæзынд.  Зынгвæдисонтæ  йæ ликвидаци скæнын  æртæ сахатмæ бахъом сты.  Æдæппæт сыгъд у  1000  квадратон метрæй  фылдæр фæзуат.  Зынгсирвæзты  моменты  фысымуаты  200 адæймаг уыд. 136 уазæгы эвакуаци скæнын бантыстис. Авд адæймагы  фервæзын кодтой  зынгвæдисонтæ.

Фысымуаты сыгъды  фæзынды  бæлвырд аххос  нырма  бæрæг нæу.  ХЪуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд тугтæрхоны барады  æдасдзинады  нормæты хæлды  статийæ æмæ фæдæвзарын  дарддæр кæны.   Украинайы президент  Одессайы   зынгсирвæзты  фæдæвзарыны хъуыддагн сæрмагонд контрольмæ райста.  Барадхъахъхъæнджытæ  фысымуаты  бардарæгы  нырид æрцахстой.