ОБСЕ- Гуырдзыстоны, 31-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл хаццæг рапарахат кодта
ОБСЕ- Гуырдзыстоны, 31-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл хаццæг рапарахат кодта

ОБСЕ- Гуырдзыстоны, 31-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл хаццæг рапарахат кодта

ОБСЕ-йы демокартион институт æмæ адæймагы барты хъахъæды офис Гуырдызстоны 2020 æм азы 31 æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл хаццæг рапарахат кодта.

Хаццæг ис фыст, цæмæй æппæтдуноен цæстдарæг миссийы раздæрон хаццæгты фæдыл фыццæгæм ноябры рапарахатгонд документмæ гæсгæ, 31-æм октябры парламентон æвзæрстытæ конкурентон тыгъдады æмæ сæрибардзинады хъахъæдæй сыххæст сты.

Афтæ дæр ис фыст, цæмæй æвзæрстытæ, нысаниуæгджынæй ивд рæстадон хуызы уавæрты уыдысты уагъд, кæцы десократион æвзæрстыты ауагъдæн демокартион бындур сарæзта. Уæвæг фиппаинæгты æрбиноныгæн фылдæр къахдзæфты авæрын у æнæмæнг.

«Бирæхуызон æмæ плюралистон меди поларизгонд уыд, аналитикон журналистикæ æмæ политикон дискуситæ чысыл нымæцæй уыдысты æвдыст, кæцы зиан хаста æвзарæгы информацийы алæвæрдæн –ис фыст документы.

Хаццæгы ис фыст, цæмæй 31-æм октябры Гуырдызстоны парламентон æвзæрстыты ног æвзарæнон системамæ гæсгæ уыдысты уагъд. Сæрмагондæй, æвзарæг парламенты 120 уæнгæн бæстæйы масштабæй пропорцион системаæ, парламенты 30 уæнгæн та мажоритарон системайы бындурыл.

Æвзарæнон баръерры 1% фæкъаддæр, æвзарæнон тыгъдады конкурентон уаг фестыр кодта политикон аренайыл.