Нугзар Тиникашвилийы информацийæ, уæззау рынчын нæлгоймаг, кæцыйы Ахалгорæй Тбилисмæ ластой, фæндагыл амард
Нугзар Тиникашвилийы информацийæ, уæззау рынчын нæлгоймаг, кæцыйы Ахалгорæй Тбилисмæ ластой, фæндагыл амард

Оккупацигонд Ахалгоры  цæрæг  63 аздзыд  нæлгоймаг  æрбамард. Ахалгоры   гамгебели  Нугзар Тиникъашвили  куыд хъусын кæны  уымæ  гæсгæ,  фæнысангонд нæлгоймагæн  æнæмæнгхъæугæ уыд  хос кæнын, фæлæ Гуырдзыстоны  централон  хицауады контролгонд территоримæ рацæуыны бар йын нæ раттой.

«Рагæй фæстæмæ куырдта  ардæм рацæуыны  бар,  хоскæнын æй   хъуыдис. Рахизыны фадат йын нæ раттой  æмæ   куы  фæфыддæрдæр ис,  стæй  йæ рауагъдтой.  Фæндагыл æрбамард.  «Сырх Дзуар»  æй рласта», –  райхъусын кодта Нугзар Тиникашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  ныхасы рæстæджы.