Нозтджынæй  хæдтулгæ тæрыны æмæ  тагъдад фæуæлдай кæныныл санкцитæ райрæзын кæнын план кæны
Нозтджынæй хæдтулгæ тæрыны æмæ тагъдад фæуæлдай кæныныл санкцитæ райрæзын кæнын план кæны

Афæдзы кæронмæ,  бæстæйы  масштабæй æндæр æмæ æндæр   фыдракæнды  5 000-ы онг камерæ  скусдзæн – уый æдыл  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министры хæдивæг, Нино Джавахадзе, æнæнизхъахъъхæды   министрады низты  кантролы центры  райхъусын кодта,   цы ран  ИНО-йы  фæндагон  æдасдзинады   радæй  фæндзæм  къурионы фæлгæтты   мадзал  æрцыд уагъд.

Нино Джавахадзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ афтæдæррайрæздзæн   патрулон  экипажты  нымæц  куыд Тбилисы – афтæ  регионты.

«Махæн приоритет у, цæмæй  фæндагон-транспортон   цауты нымæц  фæкаддæр уа.  Уый тыххæй   бафтаудзыстæм камерæтæ.  Афæдзы кæронмæ  бæстæйы  масштабæй  5 000-ы онг  æндæр  æмæ æндæр типы  камерæ  уыдзæн,  номыры  æмæ цæсгом базонæг.  Хъавæм  патрулон экипажты  нымæц фæфылдæр кæнын куыд Тбилисы афтæ  регионты дæр.  Афтæ хъавæм   закъондæттæг ивдтытæ.  Ивдтытæ  нырид цæттæ сты æмæ  ныр райдайдзыстæм   кæсын хицауадимæ иумæ  æмæ уый фæстæ парламентмæ хъуамæ бавдисæм  уалдзæгон сессимæ, кæцы  дæнцæн баст у  нозтджынæй  хæдтулгæ тæрынимæ,  лæууын-æрлæууыны  æгъдау састимæ, тагъдад фæуæлдайджын кæныны  санкцитæ райрæзын кæнынимæ æмæ  фæкарздæр кæнынимæ.  Афтæма   хъавæм,  тагъдад  фæуæлдайджын кæныны  тыххæй,    баллты системæйæ  цух кæнын бафтауæм  видеокамерæтæм» –   райхъусын кодта Нино ДЖавахадзе.