Новруз Байраммæ гæсгæ, Квемо Картлийы  уагъд цæуынц  бæрæгбонон амæлттæ  [фото]
Новруз Байраммæ гæсгæ, Квемо Картлийы уагъд цæуынц бæрæгбонон амæлттæ [фото]

Абон бæрæгбон кæнынц  Новруз Байрам,  уалдзыгон бонæмиасад.   Ацы  бон  сæрмагондæй  сбæрæгбон кæнынц   Квемо Картлийы цæрæг азербайджайнæгтæ.

Марнеулы,   сæумæрайсомæй  æнæхъæн боны дæргъы   æхгæд уыдзæн  централон  уынг.  Уым змæлды гæнæн уыдзæн æрмæстдæр фистæгæй.  Сæумæрайсомæй  фæнысангонд уынгыл  рацарæзтой  Квемо Картлийы  æндæр  æмæ æндæр рæтты  къуымтæ, кæцыты  æвдыст у характерон атрибутикæ.

Уагъд цæуы – равдыст-уæй,  азербайджайнаг инструментты  равдыст,  адæмон дæсныйады хуызæгтæ.  Æрбацуджытæн сæ бон у  азербайджайанг цай  бацымын,  афтæдæр æндæр æмæ æндæргъуызон  адджинæгтæ басгарын.  Уынгты уалдзæджы тыххæй   зарынц  ашугътæ.  Æрмæст гыццыл чызг-уалдзæг, уазджытæн фаэтонæй арфæ кæны    ног боны  æрлæуд.