Нона Мамулашвили – Дарддæр кæнæм тох, цæмй  «Гуырдзиаг Бæллицц»  кæцы Гуырдзыстоны цæрджытæн  æвзæрсты бар  адавдта, æрыздаха сын  фæстæмæ паддзахад
Нона Мамулашвили – Дарддæр кæнæм тох, цæмй «Гуырдзиаг Бæллицц» кæцы Гуырдзыстоны цæрджытæн æвзæрсты бар адавдта, æрыздаха сын фæстæмæ паддзахад

Кастыстæм куыд архайдта  «Гуырдзиаг Бæллицц»  фæстаг 50  боны дæргъы  æмæ  куыд халдта  Михеил Саакашвилийы  бартæ,уый æппæты фæдыл  уыдис æмбæлгæ  реакци ныгуылæнæй  дæр æмæ фæстагмæ «Гуырдзиаг Бæллицц»  тыхыбын баис  Михеил Саакашвилийы  аласын  клиникæмæ – уый фæдыл  «Националон Змæлды» уæнг, Нона Мамулашвили  райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæйæ,  зæгъгæ  «Гуырдзиаг Бæллиццæн», Саакашвилийы  клоиникæмæ  аласынæй уæлдай æндæр гæнæн нал уыд.

«Дарддæр кæнæм  кусын  цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц»  куыд тых, кæцы  Гуырдзыстоны  цæрджытæн æвзæрсты бар  адавдта, кæцы гуырдзиаг паддзахад йæхи бакодта, хъуамæ  æрыздаха ацы паддзахад  Гуырдзыстоны цæрджытæн.  Ацы тох адарддæр кæндзыстæм алы уыцы  конструктивон методтæй, цæй бар дæр нæм ис.   Æркуырдтæ æнæивгæ сты, ацы моментмæ нысаниуæгджын уыд  конкретонæй  Михеил Саакашвилийы  æнæниздзинады уавæр, уымæн æмæ федтам, куыд  критикон арæныл  уыдис.  Нæ сæйраг æркуырд уыд, цæмæй  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ  æнæмæнгæй  снысан уа, конституцион ивддзинæдтæ  райсын хъæуы æмæ  уыдæттыл кусын  мах адарддæр кæндзыстæм.  Дарддæр кæндзыстæм протесты   уыцы формæ, кæцы нын ис æмæ ныгуылæйнаг партнертимæ иумæ  дарддæр  кæнæм «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» коммуникаци, цæмæй сæ тыхыбы бакæнæм  уыцы  минимум  уæддæр  саразын,  цæй  æркуырд дæр ис нæ цæрджытæн» –  хъусын кæны Нона Мамулашвили.