Ног ахуырадон  азæй   ахуыргæнинæгтæ, ахуыр кæндзысты  августы хæсты  хъайтарты историтæ
Ног ахуырадон азæй ахуыргæнинæгтæ, ахуыр кæндзысты августы хæсты хъайтарты историтæ

2018-2019 ахуырадон азæй  скъолаты  хайы,   скъоладзаутæ  ахуыр кæныдзысты  августы  хæсты  хъайтарты  историтæ.  Фæнысангонд историтæ   ног  предметы «Хъахъхъæнынад æмæ æдадсзинад»-ы  ахуыргæнæн  чингмæ  æрцæудзысты  хаст – уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  ахуырады  министрады националон   ахуырадон плæнтты  уагдоны   æмбæстагон  рухсады  эксперт,  Шалва Мекравишвили  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  проект фыццаг этапыл  уыдзæн пилотон,  фæдылдзог  ахуырадон  азæй та,  7-æм 12-æм классæгтæн ног  стандарт куы  хъуамæ  скуса, гæнæн ис ис фæнысангонд  предмет  æнæмæнгхъæугæ  бауа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   ахæм номхуынды  ахуыргæнæн  чиныг «Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинад»  ахуырады æмæ  хъахъхъæнынады  министрадты  иумæйаг  проект  у,  ахуырчиныгыл куыст ныридæгæн  фæцис  æмæ йæ мыхуырмæ  цæттæ  кæнынц.

Шалва Мекравишвилийы фидиуæнæй,  2008 азы  августы  хæст, хицæн  темæйæ хаст у.  Уымæй уæлдай ма  деталонæй  радзырд ис  Гуырдзыстоны нырыккон   нациаоналон  хъайтарты, сæ нымæцы  августы  хæсты  хъаййтарты фæдыл дæр.

Фæнысангонд  фадыг  уыдзæн «дæсæмклассæгтæн».

Ацы  этапыл скъолаты  2008 азы  августы  хæст 9-æм классы,   Гуырдзытсоны историйы  фадыгы  фæлгæтты  ахуыр кæндзысты.  Хæсты хъайтарты фæдыл та,  уым ныхас нæ цæуы, фæлæ  Шалва Мекравишили куыд дзуры  афтæмæй, ахуыргæнæгæн йæхи бар у  ахуыргæнинæгтæн бахæс  кæна  хæсты хъайтарты  фæдыл  информаци бацагурын.

2019-2020 ахуырадон  азы, сколаты  7-æм -12 æм классты банымадæй  лæмбынæгæй  ранæуæггонд  чингуытæ  хъуамæ бацæуа,  кæцытæ сноггонд  националон  планмæ  гæсгæ уыдзысты  арызт.